Æз — къуыдыркалм, сыджыты рын
Мæхи фысеæг нæ хонын;
Дугъонтимæ цьг нымайут
Мæн, — сæпп-еæпп дæр нæ зонын.
Афтæ цыдæр дзымандытæ,
Сонт хъуыдытæ фæзарын.
Нæ сагъæстæ куы базонин,
Ууыл мæхи фæхъарын...
Тызмæг уарын хохы рыгтæ
Сæ бындзарæй ныммæрзы...
Зæрдæ сау катай ыскæны,
Бæсты сау мигъ нымбæрзы...
Терчы дон сæ фæйлауæнтæй.
Урс денджызы ныккалы.
Залты цъити, æнусы мит
Уæд нæ хæхтьг ныууары...
Булæмæргъ зары, сау цъиу дæр-
Уый зарджытæй æмбары;
Æз дæр ма сын куы бахъырнон,—
Хъыг уый искæй цы дагры?
Хуыцау радтæд булæмæргътæ,
Сау цъиутимæ куыд зарой:
Адæмы маст, бæсты сагъæс
Сæ зæрдæтыл куыд дарон...