Маймуни (Гæдиаты)

Маймуни (1906)
by Гæдиаты Секъа
289506Маймуни1906Гæдиаты Секъа


МАИМУНИ


Маймуни айдæны каст,
Йæ хуыз уыдта æвзæрæй.
Йе 'взæр уындæй зæрдæ тарст,
Йæ сæрмæ каст цæгæрæй.

Ныххудти дын кæл-кæлæй
Маймуни, фæлдæхтбыл.
Цыма хæрæг сындз хæры,
Уыйау худти нæ фыдсыл.

йæ фындз ысхъæл хæрдæрдæм,
Йе 'рфыг æфтыд йæ цæстыл.
Ахæм æвзæр кæм уыдзæн
Дæларв зæххыл, нæ бæстыл.

—Цæуыл худыс, нæ фыдсыл? —
Сырдтæ 'мхуызон ысдзырдтой.
Йæ дæндæгтæ зыхъхъырæй
Цæуыл худти — нæ зыдтой.

Маймуни дын афтæ зæгъы:
—Бакæсут-ма æвзæрмæ,
Айдæны мидæг цы худы
Боныцъæхæй изæрмæ.

Фæр.анк дæр ын дзуапп радта:
— Дæхæдæг дæ уыцы 'взæр,
Айдæны мидæг кæй уыныс,
Куы фесæфид де 'взæр сæр!

Иу йæхиуыл худы,
Дыууæ — кæрæдзийыл,
Æртæ — искæуыл.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.