Марды уæлхъус (Хетæгкаты)

Марды уæлхъус (1899)
by Хетæгкаты Къоста
290192Марды уæлхъус1899Хетæгкаты Къоста


МАРДЫ УÆЛХЪУС


Фæндараст!.. Фервæзтæ нæ мæтæй –
Хуыцауы мацæмæй уал дом! –
Мæрдты дын хай уыдзæн дзæнæтæй,
Уæлæуыл баззайдзæн дæ ном.

Лæппуйæ базæрондмæ царддæ
Мæстджынæй адæмы мæстæй;
Æхсæв цырагъдарæй фæхаттæ
 Хæларæй, уарзонæй, рæстæй...

Дæ мадау бауарзтай нæ бæстæ,
Фæцыддæ мæгуыртæн фыййау...
Цæмæй дын фиддзыстæм дæ хæрзтæ,
Цæмæй дын раддзыстæм æгъдау?!.

Фыдæй фыртмæ нæ уд, нæ зæрдæ
Дæ рухсæн хъардзыстæм, бæргæ,
Фæлæ та сагъæссаг нæ сæртæ,
Дæ фæстæ чи баззад кæугæ!..

1891 азы Мартъийы 3 бон,
Дзæуыджыхъæу.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.