Лæг кæрдзынæй дæр æфсæды
Гутоны фæстæ.
Рагæй нал фæци нæ гæды
Урссаджы хъæстæ.
Зæрдæ нал агуры хъазын,
Аргъæуттæй фæцух,
Удхæссæг ын фестад зарын,
Хъыгкæны æдзух.
Амар æй фæлтау фырнадæй,
Акъах ын йæ цæст,
Фесаф æй бынтон, æгадæй, –
Бафсад æй æрмæст!
Йе стонгæн бæргæ ис цары
Иу нæртоны хос,
Фæлæ йæм фæндаг нæ ары, –
Аскъуыйа йæ бос! –
Галы фиу... Йæ бын мæхъийау
Фондз уæрдæхæй баст, –
Бурбурид ысси, фæткъуыйау,
Афæдзваг у раст!
Ие рагъ афасти фырнæрстæй,
Хус ысмаг хæссы...
Гъеныр дæр та йæм цъындцæстæй
Стонг гæды кæсы...
Куыдз дæлдæр хуыссы йæ цуры,
Уынæргъы, хъæрзы...
Бахудт æм æмæ йæм дзуры:
“Скастæ та йæм, цы?”
Гæды фестъæлфыд... фырмæстæй
Аныхта йæ сæр,
Ракаст йе знагмæ мæрддзæстæй, –
“Гъæ, зæронд сæлхæр! –
Загъта, – ма тæрс, æз мæ цардæн
Базыдтон æгъдау,
Ма тæрс, гуыдынхъус, æз нал дæн
Мархохор, дæуау!..”