Мырзæджы карьерæ (Коцойты)
— Скъолайы æгъгъæд акастис нæ лæппу, хъуамæ йæ ныр куысты ныллæууын кæнон, — загъта иу бон Додойты Бибо йе ’фсин Сæлимæтæн.
— Хорз, — загъта Сæлимæт.
Ус æндæр цы загътаид. Кæд лæг афтæ сфæнд кодта, уæд, æвæццгæн, афтæ хъæуы.
Уыцы рæстæджы Бибойы иунæг лæппу Мырзæгыл цыдис дыууадæс азы. Уыдис цъæхдзаст æмæ бурхил — раст йæ фыды къопи. Горæты, æфсæйнаджы магазины йæ куы ныууагътой, уæд иучысыл акуыдта, иу къырийы бæрц ахъыг кодта — мысыдис йæ ныййарджыты хæдзар, фæлæ уыйфæстæ йе ’мбæлттимæ ацахуыр ис æмæ йæм уæд горæты цæрын дзæбæх кæсын дæр ма байдыдта.
Магазины Мырзæг куыста куы цумайæ, куы ахорæнтæ змæста, куы магазин æфснайдта, куы та-иу хицауы фатеры лæггад кодта. Мырзæг зæрдæргъæвд лæппу уыдис. Хъæуы скъолайы уый хорз базыдта кæсын, фыссын, ам, горæты та йын цыдæриддæр уæгъд рæстæг задис, уый хардз кодта чингуытæ кæсыныл. Нудæс азы йыл куы ацыдис, уæд йæ ныййарджытæ фæд-фæдыл амардысты, æмæ иудадзыг йæхи бар баззадис. Хорз æм нæ кастис æфсæйнаджы магазины куыст, куыд хъуыста йæ зонгæтæй, афтæмæй хъуымацы магазины куыст бирæ сыгъдæгдæр хъуамæ уыдаид, стæй дзы цыдæр амалтæн кæнæн цыма ис, афтæ йæм кастис. Баивта Мырзæг йæхи фæндонæй хъуымацы магазинмæ. Цыбыр рæстæджы дзы тынг сдæсны ис хъуымац барынмæ. Цæст нæ хæцыдис йæ къухтыл. Фондз адылийæ æнцонæй æхсæз адылийы уайын кодта. Магазины хицау дæр цинæй мардис, ахæм приказчикыл кæй фæхæст ис, ууыл.
Иу хатт басидтис хицау Мырзæгмæ æмæ йæ фæрсы:
— Кæрц фæлдахын цы у, уый зоныс?
Дзæгъæлы фарста уымæй хицау Мырзæджы — Мырзæг арф æмбæрста кæрц фæлдахыны хъуыддæгтæ. Уæдæ ма æндæр цæй кой уыдис приказчиктæм, кæрæдзиуыл-иу куы фембæлдысты, уæд! Уæдæ ма æндæр цæмæн бæллыдысты приказчиктæй бирæтæ — сæхæдæг магазины хицæуттæ куы суаиккой æмæ кæрцытæ куы фæлдахиккой! Фæлæ, æвæццæгæн, æппæтæй фылдæр æмбæрста уыцы хъуыддаг Мырзæг.
Уый бирæ хъуыдытæ кодта кæрц фæлдахыны тыххæй, бирæ фæндтæ гуырдис йæ сæрымагъзы, фæлæ сæ никæмæн хъæр кодта.
Хицау куы бафарста Мырзæджы, цы у кæрц фæлдахын, зæгъгæ, уæд уый æвиппайды, фырцинæй, дзурын дæр ницы сарæхстис. Æрæджиау сдзырдта:
— Кæрц æз хорз афæлдахдзынæн.
— Зонгæ йæ кæныс?
— Кæрц æз хорз афæлдахдзынæн, кæд æй фæлдахын хъæуы, уæд.
Уыцы сахат магазины хицау бамбæрста, ацы адæймаджы ахуыр кæнын кæй нæ хъæуы, уый, æмæ йын загъта:
— Хæстæгдæр æртæ-цыппар боны афæлдах кæрц! — Дæс туманы дын ратдзынæн.
— Уый нæ уыдзæн, æри дæс æмæ ссæдз туманы!
Ацы ран магазины хицау бамбæрста, Мырзæг æхцайæн дæр аргъ кæй зоны, уый, æмæ загъта:
— Хорз, ратдзынæн дын дæс æмæ ссæдз туманы.
Мырзæг афæлдæхта кæрц. Магазины хуыздæр хъуымæцтæ цы уыдис, уыдон аивæй æндæр магазинтæм алæвæрдта, æмбæхсгæ дæр дзы бакодта. Магазины ма чысыл цыдæр муртæ аззадис. Хæстæгдæр æхсæвтæй иуы магазин ссыгъдис. Ацу æмæ равзар, цы дзы уыдис, цæй аргъ дзы уыдис! Хъуымæцты сыгъдонтæ сæмхæццæ сты уæлвæйнæгтæ æмæ стойкæты сыгъдонтимæ. Æппындæр дзы равзарæн ницыуал уыдис. Хъуымæцтæ иууылдæр уыдысты хæсыл ист, æмæ кæмæй ист уыдысты, уыдон, сæ фос бынсæфт фæуыны бæсты, сразы сты сомæн дыууæ суарийы райсыныл.
Ныхъхъæздыг ис æмбойны магазины хицау. Мырзæг дæр йæ дæс æмæ ссæдз туманы æххæстæй райста. Сыхаг магазинтæ æмæ дарддæр магазинты хицæуттæ æмбæрстой хъуыддаг æмæ сæ алчи дæр йæхимæ сайдта Мырзæджы, фæлæ йын йæхи хицау йæ мызд дыууæ хатты фæфылдæр кодта, æмæ уый никæдæмуал ацыдис. Кæрц фæлдахын зонын хъуыдис, кæмæн-иу нæ фæрæстмæ ис, уый-иу ахæстоны сбадтис.
Уыйфæстæ Мырзæджы хъуыддæгтæ, æнæ къуыхцыйæ, хуыздæр цæуын байдыдтой. Мæнæ, загъта, рæхджы мæхицæн ахæм хорз магазин байгом кæндзынæн, æппындæр кæй хуызæн нæма уыдис æгас горæты.
«Фабриктæ, заводтæ, магазинтæ, зæххытæ байстой, сæ хицæутты сын фæсырдтой, фæмардтой». — Ахæм хабæрттæ хъуысын байдыдтой дард Цæгаты ’рдыгæй. Хабæрттæ æмæ семæ хъуыддæгтæ дæр хæстæгæй цæуын байдыдтой, схæццæ сты ацы горæтмæ дæр. Мырзæг мæстæй йæ дæндæгтæ æрхафта кæрæдзиуыл æмæ сæ хъыс-хъыс ссыдис.
— Мæ размæ Хуыцау цæмæн æрхаста ацы фыдбылызы хъуыддаджы! — æрдиаг кодта Мырзæг.
Бирæ нæ ахаста уыцы æрдиаг. Куы бамбæрста Мырзæг мæнæ, зæгъгæ, большевиктæ бæлвырд æмæ цæхгæр фæуæлахиз сты, уæд сæм йæхи хæстæг ласын байдыдта. Ног хъуыдытæ фæзындис йæ сæрымагъзы, ног фæндтæ дзы рæгъæд кæнын байдыдтой!
— Горæты мæн хъуыддаг нал ис, — загъта хинымæры Мырзæг æмæ йын Къутæрджыныхъæуы цы хæдзары къуым баззадис, уым æрцардис. Йе ’рцæрыны бонæй мæйæ фылдæр нæ рацыдис, афтæ цыдæр æххуыстæ фæцис большевиктæн, хабæрттæ сын хъусын кодта, ноджы кæмдæр дыууæ-æртæ гæрахы дæр фæкодта, уыдон фарс лæугæйæ, æмæ йæм уæд уыдон æууæнчы цæстæй кæсын байдыдтой. Дарддæр Мырзæг йæхи алы хъуыддаджы дæр хицæутты фарс дарын байдыдта. Уыйфæстæ ма иу мæй аивгъуыдта, афтæ нымад æрцыдис партийы кандидатæй. Мæгуыр зæхкусæджы фырт, сидзæр, иунæг, уæртæ иу базаргæнæгмæ æххуырстæй куыста. Уæдæ чи хъуамæ хуыздæр бацæуа коммунистон партимæ! Службæйы бынат дæр ын уайтагъд разындис.
Чиныджы дæсны, уырыссагау дæсны, дзырдарæхст — Мырзæг йæхи фæндмæ гæсгæ æвæрд æрцыдис милицæйы хицауы бынаты.
Æвзæргæнджыты ахсгæйæ, хотыхтæ исгæйæ, бирæ феххуыс ис Мырзæг хицауадæн. Æппын æнхъæл кæм ничи уыдаид, ахæм ранæй-иу раласта топпытæ, револьвертæ, пулеметтæ æмæ æндæртæ. Тынг зæрдиаг кусæг разындис Мырзæг. Тынг бузныг дзы уыдысты горæты хицæуттæ, хъæуы партчыры секретарь дæр ын бæрзонд аргъ кодта. Фæлæ уый хицæуттимæ йæхи куыд дардта, адæмимæ афтæ нæ уыдис. Дзургæ фылдæр кодта уырыссагау æлгъыст хæццæйæ.
— Æз Къутæрджыны паддзах дæн, æз, æмæ уын... — Ам та-иу диссаджы æнахуыр æлгъыстытæ ракалдысты йæ дзыхæй.
Нæ цыдис æппындæр адæмы зæрдæмæ уыцы æлгъыст. Адæм тарстысты Мырзæгæй, хæрам æм кодтой, хæрам æм тынгдæр уый тыххæй кодтой, æмæ бирæты æппын æнæ аххосæй ахста, æфхæрдта. Горæтмæ йыл къорд хæттыты хъæстытæ дæр бацыдис, фæлæ уымæн горæты йæ бынат фидар уыдис. Зылды милицæйы хицау-иу арæх дзырдта:
— Уæртæ Мырзæджы хуызæн кусджытæ куы уаиккой иннæтæ дæр. Фæлæ кæм ис уый!
Иу хатт Мырзæг бадтис хъæусоветы. Цыдæртæ фыста. Йæ рихитæ-иу адаудта, йæ цъæх цæстытæ-иу мæстыгæр зылд акодта куы иуæрдæм, куы иннæрдæм, æмæ уым чи уыдис коммунисттæй, æнæуый адæмæй, уыдон дзурын дæр дзæбæх нæ уæндыдысты, цыма скъоладзаутæ уыдысты æмæ ахуыргæнæгæй æфхæрдмæ кастысты, уый хуызæн сæхи дардтой.
Уалынмæ дуар байгом ис, бацыдис къæнцылармæ Къутæрджыныхъæуы æфсæддон комиссар — Тæбойты Андыри æмæ салам загъта. Мырзæг æм кæсгæ бакодта, фæлæ саламæн дзуапп нæ ратта.
— Саламæн дзуапп дæттын дæ сæрмæ нæ хæссыс, æвæццæгæн?
— Бæгуыдæр нæ хæссын мæ сæрмæ дæ хуызæтты саламæн дзуапп дæттын, — галиу рихи аздухгæйæ, зулмæ бадзырдта Мырзæг. — Ды дæ оппортунист, бюрократ, дæ хъуыддæгтæ хорз не ’ххæст кæныс. Цæй коммунист дæ ды?
— Мæ хъуыддæгтæ куыд æххæст кæнын, уый æвзарын дæумæ нæ кæсы. Ды мæнæн хицау нæ дæ.
— Мырзæг дæуæн — хицау. Æз æппæтæн дæр — хицау. Ам мæн йеддæмæ хицау нæй... Æз дæн Къутæрджыны паддзах, уый зон, æмæ дæ...
Ацы ран уæладзыгджын æлгъыстытæ ракалдысты Мырзæджы дзыхæй.
— Цавæр дзынга дыл фæхæцыдис, дæ хорзæхæй? — сабыр дзургæйæ, фидыды ’рдæм здахы Андыри хъуыддаг, фæлæ дзынгайы кой, уæлдайдæр адæмы æхсæн, февзæрдæр кодта хъуыддаг.
Мырзæджы цъæх цæстытæ туджы разылдысты, фæйнæрдæм цæхæртæ акалдтой. Уым цы адæм уыдис, уыдонæй иутæ, фыдбылызæй тæрсгæйæ, сæхи айстой къæнцыларæй, иннæтæ ма баззадысты, фæлæ тарстхуызæй кастысты.
— Извинись сейчас, иначе застрелю тебя как собаку! — дамбацайыл къух æрæвæргæйæ, фæхъæр кодта Мырзæг.
— Уый хуызæн дамбаца мæнмæ дæр ис, фæлтау дæхицæн æнцад сбад! — сабыр, фæлæ хъæбæр хъæлæсæй загъта Андыри.
Уыцы минут къæнцылармæ бацыдис хъæусоветы сæрдар. Басабыр кодтой хылгæнджыты. Андыри ацыдис. Мырзæг ма йæ фæдыл сдзырдта:
— Бюрократ. Оппортунист! Сайды фæрцы йæхи партимæ баласта æмæ йæхи коммунист хоны.
Хъæусоветы сæрдар йæ бандоныл æрбадтис æмæ уæд баздæхтис Мырзæгмæ:
— Дæ аххос та уыдаид, æндæр цы! Æгæр хылгæнаг дæ, æгæр, Мырзæг!
Мырзæг та йæ цъæх цæстытæй мæстыгæр дзагъултæ акодта, тымбыл къухæй стъол æрхоста æмæ загъта:
— Ды дæр коммунист нæ дæ, ды дæр партимæ сайдæй балæсыдтæ. Æз уæ дыууæйы дæр уæ бынæттæй куы нæ сисын кæнон, уæд лæг нæ уыдзынæн.
— Сисын кæн, дæ хорзæхæй, Мырзæг, фæлæ ныр басабыр у. Мæнæ нæ хъуыддæгтæ ис, æмæ нæ ма хъыгдар!
Мырзæг ма, алырдæм йе ’ртхъирæнтæ æмæ йе ’лгъыстытæ калгæйæ, абадтис иучысыл, стæй рацыдис къæнцыларæй, æргомæй куыд æртхъирæн кодта, афтæ уыцы сахат хинымæры дæр сфæнд кодта уыцы дыууæ лæджы сæ бынæттæй сисынæн исты амал скæнын.
Андыри куы базыдта, зæгъгæ, Мырзæг йæ æртхъирæн æххæст кæнынмæ бавнæлдта, алы хъæстытæ æмæ хахуыртæ хæссы уæллаг хицæуттæм, уæд загъта йæхицæн:
— Хъуамæ, бирæгъ фысы куыд бахæры, афтæ мæхи хæрын ма бауадзон!
Андыри æмæ Мырзæг иу сыхы цардысты, се ’хсæн æртæ-цыппар хæдзары йеддæмæ нæ уыдис, æмæ кæрæдзиуыл арæх æмбæлдысты.
Хæлар нæ уыдысты, фæлæ кæддæриддæр, фембæлгæйæ, кæрæдзийæн салам лæвæрдтой, æрмæст-иу алы хатт дæр раздæр Андыри загъта салам. Уымæ уый æппындæр æгад нæ кастис, фæлæ Мырзæг раздæр никæд æмæ никæмæн раттаид салам.
Афтæ уыдис адæмимæ, горæты хицæуттæн та йæхæдæг кад кодта, йæхæдæг раздæр салам лæвæрдта, йæ къахы фындзтыл цыдис сæ разы, алы зæрдæлхæнæнтæ сын кодта.
Къутæрджыныхъæуы Мырзæгмæ хæрам чи нæ уыдис, ахæм адæм бирæ нæ равзæрдаид. Хæрам æм уыдысты йæ загъдæмхиц, йæ фыддзых, йæ къæйныхдзинады тыххæй, стæй бирæты дзæгъæлы кæй æфхæрдта, уый тыххæй. Фæлæ æрмæст адæмыл нæ уыдис хъуыддаг, хæрам уыдысты Мырзæгмæ, хъæуы мидæг исты хицауадон бынаты лæуд чи уыдис, уыдон дæр — хъыг сæ дардта сæ куысты мидæг, æнæгъдауæй йæхи цы хъуыддаджы нæ тъыста, ахæм нæ уыдис, ноджы нал фæрæзтой, йæхи æппæтæн хицау кæй кодта, уымæй.
Æмæ Андыри сфæнд кодта Мырзæджы галиу хъуыддæгтæ хурмæ ракалын. Хибарæй радзырдта хъуыддаг хъæусоветы сæрдарæн. Сæ фæнд иу скодтой.
Андыри кастис уынгмæ рудзынджы зыхъхъырæй, фæлæ дзы дзæбæх ницы уыдта. Боныцъæх афон бæргæ уыдис, фæлæ мигъ афтæ бæзджын бадтис зæххыл, æмæ иу къорд уæрдæттæ уæлæрдæм — хъæды ’рдæм — куы сивгъуыдтой, уæд Андыримæ зындысты æрмæст сау æндæргты хуызæн, æмæ æрмæст уымæй равзæрста, чердæм цыдысты, уый. Андыри базыхъхъыр кодта рудзынг тынгдæр æмæ æнхъæлмæ кастис дарддæр. Абадтис ма иу-дæс минуты бæрц, æмæ цæст чысыл хуыздæр уынын байдыдта. Æвæццæгæн, мигъ фæтæнæгдæр ис. Кæсы Андыри. Мæнæ горæтмæ фæндаджы ’рдæм æрцæуы иу уæрдон, бадынц дзы дыууæ лæджы. Базыдта сæ: сæ иу уыдис Мырзæг, иннæ та йæ фыды æфсымæры лæппу Ахмæт. Уыимæ иумæ хъомыл кодтой æмæ «кусгæ» дæр ныр иумæ кæнынц. Уæрдоны цыдæр дзауматæ дæр зындис. Арахъ горæтмæ ласта арæхдæр Ахмæт, Мырзæг та-иу искуы иу хатт ацыдис, æндæр исты хъуыддæгтæ ма-иу æй куы уыдис, уæд. Ныр дæр æй, æвæццæгæн, æндæр исты хъуыддаг ис æмæ тынгдæр уый тыххæй фæцæуы.
Андырийæн хорз бæлвырдгонд уыдис хъуыддаг, æппындæр æм гуырысходзинадæй ницы уыдис. Кæрты саргъæвæрдæй лæууыдис бæх. Фæстиат кæнæн нæ уыдис. Абадтис Андыри бæхыл, базонын кодта хъуыддаг советы сæрдарæн, йæхæдæг тæргæ бæхæй фæсвæд фæндæгтыл горæты ’рдæм афардæг ис.
Хъæусоветы сæрдарæн дæр йæ фæнд цæттæ уыдис. Дыууæ милиционермæ фæдзырдта, партчыры секретарæн бамбарын кодта хъуыддаг, æмæ уый дæр рацыдис йемæ, ракодта ноджы хъæусоветы секретары æмæ дыууæ хъæуккаджы æвдисæнтæн. Бараст сты Мырзæджы хæдзармæ. Иу милиционер баззадис дуармæ, хъуамæ макæй рауагътаид хæдзарæй æддæмæ. Иннæтæ бацыдысты кæртмæ. Кæрты дуар разындис уæгъд ссыд, æвæццæгæн, бинонтæ тынг нæ тыхстысты уый æхгæныныл. Уынæрмæ хæдзарæй рауадис Мырзæджы ус. Йæ дыстæ уыдысты тыгъд рæмбыныкъæдзты онг. Ус йæ мидбынаты алырдæм азылдтытæ кодта æмæ фæстæмæ тарстхуызæй бауадис мидæмæ. Тагъд къахдзæфтæй йæ фæдыл æрбараст сты æнæхонгæ уазджытæ. Уынынц: Мырзæджы ус æмæ йæ файнуст — Ахмæты ус — тагъд-тагъдæй халынц ифтыгъд арахъуадзæнтæ. Аджы сæр хæтæлæй уæгъдгонд фæцис, æмæ тæф æддæмæ цавта.
— Ныууадзут сæ, куыд сты, афтæ! — фæхъæр кодта советы сæрдар.
Дыууæ усы адæргæй цы акодтаиккой, уымæн ницыуал зыдтой.
Тас æмæ дис фыст уыдысты сæ цæсгæмттыл. Куыд нæ кодтаиккой дис дæр. Дыууæ азы дæргъы æнæмæтæй «куыстой» — цæй джигулæй тарстаиккой милицæйы хицауы хæдзары!.. Лæг йæхæдæг ам куы уыдаид, уæд сæ бæргæ не ’рбауагътаид, схъæртæ сыл кодтаид, фæсырдтаид сæ, фæлæ ныр цы гæнæн ис!
— Хуын хæссын мæ хъæуы æмæ уый æнæбары иучысыл двайно кæнæм, æндæр дзы ницы ис, — ризгæ хъæлæсæй сдзырдта Мырзæджы ус.
— Иучысыл нæу, æвæццæгæн, — загъта советы сæрдар æмæ бараст ис хæдзары рæбинаг къуыммæ. Уым лæууыдис стыр нарæгхъуыр дурын къæрмæгæй æхгæдæй. Дурын йæ тæккæ дзаг уыдис ногуагъд двайнойæ. Агуиан дæр йе ’рдæджы бæрц уыдис.
— Адон йеддæмæ ма уæм ис? — фæрсы сæрдар.
— Кæцæй нæм ис, адон дæр хуыны æнæбары рауагътам.
Акæстытæ кодтой джигулгæнджытæ æмæ æцæг хæдзары æндæр ницыуал зындис. Фæлæ уыцы минут милиционер ацамыдта хæдзары рæбинаг къулмæ. Уым зына-нæзына бæрæг дардта чысыл дуар. Уый уыдис къæбицы дуар. Къæбицы дзæбæх акъахдзæфгæнæн нæ уыдис, афтæ дзаг разындис алы мыггаг дурынтæй. Уыдис дзы стыртæ, чысылтæ, хъулæттæ, буртæ, фæлæ иууылдæр уыдысты нарæгхъуырджынтæ, иууылдæр æхгæд уыдысты къæрмæджытæй. Æхсæнмæ-æхсæнты дзы зындысты авджын четверттæ, — Мырзæг сæ куыд фæиста сæ хицæуттæй, афтæмæй лæууыдысты. Дурынтæ дзаг сты хуымæтæджы арахъæй, уым æнхъæлмæ кастысты сæ дыккаг рауагъдмæ. Мырзæджы ус дзургæ ницыуал скодта, фæлæ йæ цæссыгтæ чысылгай бырыдысты йæ хуыздзыд рустыл. Иннæ ус кæугæ нæ кодта, фæлæ æнкъардæй лæууыдис къонайы фарсмæ.
Хъæуы советы секретарь биноныг ныффыста акт. Джигулгæнджытæ æмæ æвдисæнтæ дзы сæ къухтæ æрæвæрдтой.
Уайтагъд хабар айхъуыстис æгас хъæуыл. Цин кодтой иууылдæр, Мырзæджы галиу митæ кæй рабæрæг сты, уый тыххæй. Хицæуттæ дæр, иннæ адæм дæр ма æнхъæлмæ кастысты Андырийы æрбаздæхтмæ, уый та кæддæра цы хабæрттæ æрбахæссид.
Андыри æрбаздæхтис. Уый радзырдмæ гæсгæ, хъуыддаг уыдис афтæ. Арв асæст уыдис æмæ уый тыххæй цы афон уыдис, уымæн бæлвырд зæгъæн нæ уыдис, фæлæ горæты змæлæг бирæ нæма зындис, афтæ Андыри тæргæ бæхæй милицæйы хæдзары дуармæ балæууыдис. Радзырдта хабар, æмæ йын æртæ лæджы йемæ раттой.
Мырзæг йæ каисты хæдзармæ нæма бахæццæ ис, уый бæрæг уыди уымæй, æмæ уыцы хæдзармæ хæстæг рæтты сæхи фæстиат кодтой æртæ-цыппар сылгоймаджы голлæгтимæ. Андырийæн зындгонд уыдис, æмæ уыцы голлæгты мидæг æмпылдæй лæууыдысты лалымтæ. Афтæ-иу хастой ардыгæй товар арахъæй базаргæнджытæ... Уалынмæ дард, уынджы кæрон æрбазындис уæрдон. Бадынц дзы дыууæ лæджы. Уæрдон æрбахæццæ ис уыцы хæдзармæ æмæ уайтагъд кæрты фæмидæг ис. Йæ фæдыл иугай бацыдысты голлагджынтæ дæр.
Андыри йе ’мбæлттимæ банхъæлмæ каст иу цъус, — сæ фæнд афтæ уыдис, æмæ хъуамæ «базар» уым йæ тæккæ тынгæй баййафой. Афойнадыл дуары раз куы балæууыдысты, уæд дуар æхгæд разындис. Дуары хостмæ ничи кастис æддæмæ, æмæ уæд æртæ лæджы сæ уæхсчытæй æмæ къæхты цæфтæй батыдтой дуар.
— Цы хуыцау дæ æрбахаста, Андыри, мæ каистæм, — зæгъгæ, худгæйæ, сæ размæ рауадис Мырзæг æмæ сæ дзырдтыл дарынмæ хъавыдис кæрты, фæлæ уыдон бараст сты мидæмæ. Уыцы иу цыдæй дыууæ уаты фæуагътой — ницы сæ уыдис, — фæлæ æртыккаджы смидæг сты. Уым «базар» йæ тæккæ тынгыл уыдис — арахъ четвертæй барстой æмæ йæ æлхæнджыты лалымты уагътой. Цикъæйау фæлурсæй æрбазынди дуарæй Мырзæг, йæ къухы — дамбаца.
— Акæн дæ куыйты фæстæмæ, кæннод дæ марын! — фæхъæр кодта Мырзæг.
— Ам дæу йеддæмæ куыдз нæй!
Уыцы дзырдтимæ Андыри — уæнгджын лæппу — иу лæбурдæй ацахста Мырзæджы цонг.
Гæрах ацыдис. Нæмыг атыдта рудзынджы фæйнæгын фæрссаг, æмæ уынджы ’рдыгæй авджы мурты зыланг-мылунг ссыди тротуары дуртыл. Фæлæбурдтой милиционертæ Мырзæгмæ æмæ йæ сбастой. Товар æлхæнынмæ цы устытæ æрцыдысты, уыдон æнæ фæхъуыдыйæ сæхи фæаууон кæнынмæ хъавыдысты, фæлæ дуармæ цы милиционер лæууыдис, уый сæ баурæдта.
Ныр Мырзæгæй тас нал у, зæгъгæ, уый куы базыдтой адæм, уæд иугай цæуын байдыдтой хъастгæнджытæ хъæусоветмæ. Иу радзырдта, зæгъгæ дзы Мырзæг, æртхъирæн кæнгæйæ, хаст уæрыкк байста, джигул дæр æм нæ уыдис, æндæр дæр, фæлæ уыцы уæрыччы иннæты ’хсæн куы ауыдта, уæд йæ зæрдæмæ фæцыдис. Дыккаг радзырдта, зæгъгæ, йæм арахъы тыххæй джигул кодта. Дæс туманы сыгъзæринæй чырыны къуымы хæцъилы тыхт уыдысты, систа сæ æмæ сæ ахаста. Æртыккаг загъта, зæгъгæ, йæм Мырзæг хотыхтæ агурыны æфсон джигул кодта, стъолы лагъзы ауыдта сыгъзæрин сахат æмæ йæ ахаста.
Афтæ адаргъ сты хъастгæнджытæ кæрæдзи фæдыл, кæрон сын цыма нал уыдзæн, уый хуызæн зындис. Аскъуыдис Мырзæджы дывæрсыг карьерæ. Уый уыдис 1922-м азы.
Уæддæр, æвæдза, афойнадыл райгуырдис. Уый иу къорд азы фæстæдæр куы райгуырдаид, уæд ын йæ къупецаг хъуыддæгтæ дæр нæ бантыстаиккой, «паддзахæй» ацæрын та йын дыууæ азы нæ, фæлæ дыууæ боны дæргъы дæр нæ бантыстаид.
This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
This work is in the public domain in the United States because it was first published outside the United States (and not published in the U.S. within 30 days), and it was first published before 1989 without complying with U.S. copyright formalities (renewal and/or copyright notice) and it was in the public domain in its home country on the URAA date (January 1, 1996 for most countries).
The author died in 1944, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 79 years or less (if applicable), or the copyright term is 89 years or less since publication (if applicable). |