Не ’хсинæн нард гогызы фыднæтаиы (Гæдиаты)

Не ’хсинæн нард гогызы фыднæтаиы (1912)
by Гæдиаты Секъа
289775Не ’хсинæн нард гогызы фыднæтаиы1912Гæдиаты Секъа


НЕ 'ХСИНÆН НАРД ГОГЫЗЫ ФЫДНÆТАИЫ


Цыппурс æрцыди — бæрæгбон:
Мæгуыртæ кодтой хомыстæ.
Не 'хсины къухы йе 'хцадон:
Базары 'лхæдта гогызтæ.

Йæ фæстæ лæууыд зæронд лæг,
Йæ къухæй хæцыд чыргъæдыл;
Йæ риу æгомæй, æнæгънæг;
Æхсинæн цыди йæ фæдыл.

Йæ дзабыртæй зынд фæсæлттæ,
Йæ худ — ыскъуыдтæ, гæмæхтæ;
Йæ рихи ныссалд — фæдзæлттæ,
Йæ цухъхъа — зæронд, хæррæгътæ.

Зæронд лæг чи уыд, зæгъон æй,
Æхсины мойæн йæ фыд уыд.
Ахæм нæ федтон зæххонæй,
Зæрдæйы мардта йæ фыдуынд.

Сæ размæ 'рбацыд æндæр лæг,
Арæзт, æппæтæй æххæст уыд;
Зæрондау, нæ уыд фыдмæллæг, —
Йæ гуыбын нардæй ныррæсыд.

Гогызтæ 'взæрста уæззауæй,
Нард ысты, загъта, нæ сайы;
Æхсин ысдзырдта уæзданæй:
— Нард гогызы фыд мын нæ тайы.

Рæсыд лæг чи уыд, зæгъдзынæн;
Æхсинæн уыди йæхи мой...
Ахæмтыл зарæг фысдзынæн,
Цæмæй сæ фыды нæ нæмой.

Цалынмæ гогыз æвзæрста
Цолагомауæй, фыдæй нард, —
Уыдон тинты кæрц æмбæрзта, -
Зæронд уазалæй фæцæймард.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.