Нигъгъæрзæн нæ фæрстæй (Багъæраты)

Нигъгъæрзæн нæ фæрстæй (1916)
by Багъæраты Созыр
290537Нигъгъæрзæн нæ фæрстæй1916Багъæраты Созыр


НИГЪГЪÆРЗÆН НÆ ФÆРСТÆЙ


Нигъгъæрзæн нæ фæрстæй,
нæ хуæддзо æлдар нин
нæ къæхтæ ку бæттуй.
Нæ зæнхæй, нæ бæстæй
цирти фагæ дæр нин
туххæй ма ку дæдтуй.

Куд цæрдзйан æвдустæй
нæ дойрон иуæнгтæй
ку неке ивазæн.
Нигъгъæрзæн нæ фæрстæй
нæ хуæддзой æфхуæрдæй
ку нæбал фæразæн.

Нигъгъæрзæн нæ фæрстæй
нæ хуæддзо æлдар нæ
нæ цармæ ку соруй.
Искæсæн нæ цæстæй,
нæ хонхаг фиййау нæ
æ зари ку дзоруй.

Куд цæрдзйан ефтигъдæй,
Нæ бæрзæййи цъæйæ
Нæ хъурбæл ку тæдза.
Куд гъæрздзйан нæ циртæй —
нæ сау хонхи къæйæ
нæ реубæл ку'ндæдза.


1916 анзи сентябри 1 бон. Дзæуæгигъæу


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1928, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 95 years or less (if applicable), or the copyright term is 107 years or less since publication (if applicable).