Ныры дуджы цард (Гæдиаты)

Ныры дуджы цард (1912)
by Гæдиаты Секъа
289756Ныры дуджы цард1912Гæдиаты Секъа


НЫРЫ ДУДЖЫ ЦАРД


Цард ыстыхст, ысмæгуыр —
Алæрдæм кæлæнтæ.
Æрцæгъд-ма, мæ фæндыр,
Ныззарæнт дæ тæнтæ

Радзур, цæй, куыд цæрæм
Æнæ зæхх, æнæ дон.
Цы дарæм, цы хæрæм, —
Ыскъуыдтæ нæ хæдон.

Кæмæн нæй кæрдзын дæр,
Чи 'фсæстæй ныхъхъæрзы,
Кæй фæнды мæлын дæр,
Чи бæстæ ныббырсы.

Ысмæллæг нæ саулох,
Нысхъистæ йæ уæрдон.
Пырхытæ нæ сау хох,
Хæрзафтид нæ хордон.

Цы кусæм? Цы змæлæм? -—
Алæрдæм — къæдзæхтæ.
Цы сдзурæм? Цы зæгъæм? -
Нæ дзыхты — къæбæлтæ.

Нæ бонгуыст — хæлæйфаг,
Алæрдæм хæлиутæ,
Нал арæм хæлайфаг,
Хæрзæргом — нæ риутæ.

Цы кæнæм? Куыд цæрæм?
Катайаг — нæ зæрдæ.
Лæг кæм ис? Цы зæгъæм?
Сагъæссаг — нæ сæртæ!

Кусæг лæг — æнæхай,
Аргъ ын нæй йæ куыстæн,
Æнæуый цы зæгъай, —
Хъæмпы мур — йæ лыстæн.

Сындзын арт — йæ фæндаг,
Къæдзæхтæ — йæ хуымгæнд;
Зæгъынæн — найуæндаг,
Йæ цардæй — хæрзныгæд.

Оххай-гъе! Иу лæгæй
Нæ хъусæм рæвдыд дзырд.
Цы кæнæм иунæгæй?
Нæ зæрдæ куы ныфсырд.

Цардæнхъæл кæрдзынæй
Не 'фсадæм нæ гуыбын.
Куы сæйæм кæрз рынæй,
Кæм ма ис фыды бын?!

Æххормаг ыстонгæй,
Сонт ныхас лæхурæм.
Бирæгътау, æрдонгæй
Фæйнæрдæм лæбурæм.

Æххормагæй фыс дæр
Кæрдæгмæ лæбуры.
Æфсæстæй бирæгъ дæр
Хуыссы мæ нæ дзуры.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.