Ос-Бæгъатыры мады хъарæг (Гæдиаты)

Ос-Бæгъатыры мады хъарæг (1914)
by Гæдиаты Секъа
289510Ос-Бæгъатыры мады хъарæг1914Гæдиаты Секъа


ОС-БÆГЪАТЫРЫ МАДЫ ХЪАРÆГ


Ракæс-ма, ракæс, базон дæ марæджы,
Чи ма дын райсдзæн дæ туг!
Рæхыстæй сбастой дæ бындар, дæ дарæджы,
Чи ма дын аргæвддзæн хистæн йæ хъуг?

Чи ма нæм бадзурдзæн тохæй, нæ хорз адæм,
Чи ма нын райсдзæни кад?
Аскъуыди, атъæпп, йæ зæрдæ дæ сау мадæн,
Хæрздзæгъæл баззад йæ мард...




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.