Охх, цæмæн райгуырдтæн æз æвзæрæй Ирæн!.. (Калоты)

Охх, цæмæн райгуырдтæн æз æвзæрæй Ирæн!.. (1939)
by Калоты Хазби
290394Охх, цæмæн райгуырдтæн æз æвзæрæй Ирæн!..1939Калоты Хазби


Охх, цæмæн райгуырдтæн æз æвзæрæй Ирæн!..


Охх, цæмæн райгуырдтæн æз æвзæрæй Ирæн!..
Кæнæ амæлын цæуылнæ мæ фæнды.
Уæ фæдæлдзæх уай, мæ ницæйаджы лирæ,
Кæд мæ худинаггæнæг дæ ды!

Уынгмæ рацу – худæгæй фæмæлынц адæм:
«Мæнæ ацы къæбæда – фыссæг.
Иу минут ын нæй йæ хæдзары æрбадæн,
'Хсæв дæр æй нæ фæахсы хуыссæг.

Цырагъ суанг боны ’рбацъæхтæм фæсудзы,
Раст æррайау фехъуысы йæ хъæр...»
Ахæм фаутæм зæрдæ та куыннæ рæмудзы!
Ехх, цæуылнæ асæттын мæ сæр!

Уæвгæ ницы дæн... мæхæдæг дæр æй зонын.
Тагъд ысбаддзæн ме ’мдзæвгæтыл сæг.
æмæ курын Ирæй: мачи мæ ысхонæд,
Мачи мæ ысхонæд мæн фыссæг.


1939 азы 4 октябрь


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator fought or worked for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 74-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1950 (more than 74 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1950 (more than 74 years ago).

The author died in 1943, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 80 years or less (if applicable), or the copyright term is 84 years or less since publication (if applicable).