Раздзæуæгæн (Багъæраты)

Раздзæуæгæн (1925)
by Багъæраты Созыр
290608Раздзæуæгæн1925Багъæраты Созыр


РАЗДЗÆУÆГÆН


Ленин, Ленин, ихæс нин æй
æгъдау дæдтун дæ мардæн.
Ду нин дæ реубæл ниввæргæй
федар бундор нæ цардæн.
Махæн нæ куст ахур кæнун, —
е нин дæуæй фæдзæхст æй.
Ахур кæнун, размæ цæун, —
над нин дæ фæрци иссæй.
Махæн не'знаг исæргом æй,
'ма ду нæ дæ æнæмбал!
Соми кæнæн дæхе номæй,
ке цæудзинан дæ надбæл.
Кæд ма резуй дæ цирти дор,
кæд ма дуйне ихæлд æй, —
уæддæр махæн нæ царди хор
тунтæ фæлмæн нивæндуй.
Алкæддæр мах низзардзинан
Рæстдзинадæ дæ номæй, —
Алкæддæр мах итаудзинан
Дæ мугкæгтæ æргомæй.
Ленин, Ленин! æрæвардтай
цардæн бундор, нæ уогæй, —
'ма нæ гъæстæй нæ ниууагътай,
балхæдтай нæ дæ тогæй.


1925 анзи январи 30 бон


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1928, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 95 years or less (if applicable), or the copyright term is 98 years or less since publication (if applicable).