Сæгъ æмае сычъи (Гæдиаты)

Сæгъ æмае сычъи  (1912) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1912, Рауагъ аз: 1912. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


СÆГЪ ÆМÆ СЫЧЪИ


Сычъиимæ дзырдта сæгъ, —
Фæрсын дæ æмæ мын зæгъ:
Дзæгъæл хæтынæй уыйас цы 'нхъæл дæ,
Заууат фæкодтай хохы хæтæнтæ.

Цуанон дæ куы ссары,
Уæд дæ ныммары.
Фæлтау мемæ цæр æдасæй, дзæбæх, —
Нæ дæ цуанон хъыгдардзæн, нæ хох, нæ къæдзæх.

Уæд æм сычъи дзуры,
Йæ мидбылты худы:
—Ау, мæ лымæн, уый мын куыд загътай?
Ды лæджы къухы хорзæй цы ссардтай,

Ахæст, дæ, ахæст, уый нæ зоныс, цы?
Алæбон дын лæг дæ хурхыл хæцы.
Цы сахат æй фæнды, уæд дæ раргæйды.
Дæ нард фыд — бæркад.

Æз хохы рындзыл бон сæрибарæй
Æрвитын мæ цард.
Уадз мæ, уадз, ме 'фсымæр, сæрибар хæтон.
Ахæсты бæсты фесæфон бынтон.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse