Сæрбари манифест (Гуырдзыбеты)

Сæрбари манифест (1902)
by Гуырдзыбеты Бласка
290353Сæрбари манифест1902Гуырдзыбеты Бласка


СÆРБАРИ МАНИФЕСТ


1861 анз, 19 феврал

Оссаг! Раги райстай сæрбарæ,
Йисдæ паддзахæн йевгет;
Нур æфтауæ джиуарæ,
Цардæй исширдтай келбет!
Нæбал йес баделиатæ,
Унмæ мæгурбæл сæрдæр,
Нæбал йес тæгиатæ, —
Исцан æмхузæн, æмсæр...
Уæдæй кæнуй дзæгæрæг
Сугьд бунгардбæл сугъд къотæр,
Кæдæй дзагъта гъæргæнæг
Æнсаст уодæн бари сæр.
Дуйней сæуми æмхузæн
Уæдæй тæхуй сауæхшед,
Кæдæй æфхуард жин уæзæн
Нæбæл кæнуй тогин хед.
Уæдæй нæбал йес фæрсун
Зæнхаг лæги муггагæй,
Кæдæй нæбал йес хæссун
Жин мæгурæн æфхуардæй.
Уæдæй не 'фхæлуй бæрзæй
Йешке куштити даргьæн,
Кæдæй нæбал йес гæрзæй
Йерун тæрмитæ рагъæн...
Идзулæ, будур, дæ фæти,
Чийнæй идзулæ, хуæнхон, —
Равардта уин уæ мæти
Адæми нивонд тæрхон!
Уæ дигорон, уæ ирон,
Идзулетæ уæ бари:
Æй кади ном æфсæддон
Сумахæн дæр лæвари!..
Барæ радтæг фæцæй мард
Æнагъоми æнæ 'нгьуд,
Фал ин бари бозæй цард,
Ковгæй, калуй цæштисуг...
Хуцаумæ йин æ бони
Ду дæр дæ кувди, оссаг,
Арфæй хæссæ æ номи,
Дзæгъгæй рагмардæн рохсаг!..
Оссаг! Раги райстай сæрбарæ,
Йисдæ паддзахæн йевгет,
Нур æфтауæ джиуарæ,
Цардæй исширдтай келбет!




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.