Сæумæрайсом (Коцойты)
Бафæллади, стыхсти Таймураз йæ цардæй. Нал рухс кæны йæ зæрдæ райсом раджы, хуры фæзындмæ кæсгæйæ. Нал цин кæны дидинæгджын быдырты æмæ цъитиджын хæхты уындæй.
— Хуыцауты Хуыцау, фæцыбыр мын кæн мæ бонтæ, — афтæ арæх фæкувы хинымæры Таймураз.
Фондз азы рацыди уæдæй, йæ хистæр фырт Къуындзих куы нал ис.
Фæлæ Таймураз æрмæст ууыл нæ хъыг кæны, йæ фырт кæй амарди — мæлгæ адæм иууылдæр кæнынц — хъыг кæны, æрдиаг кæны Таймураз ууыл, йæ фырт искæй къухæй кæй фæмардис, æмæ йæ туг ист кæй нæма у.
Сыстадысты хъæубæсты хорз лæгтæ, хъæубæсты цытджын зæрæдтæ. Загътой: «Æнæбафидаугæ нал ис Биганатæ æмæ Куыдзитæн!»
Дыууæ мыггаджы разы кæнын байдыдтой фидауыныл, æхсæны лæгтæ та фидыды æгъдауыл, фидыды æмгъуыдыл хъуыды кæнын байдыдтой...
Уыди æнцад сæрдыгон изæр. Рог ирдгæ цъитиджын хæхтæй дымдта. Мæй цæлхыдзагæй сцæйбырыди къæдзæхты æдде, сырх-сырхид, цыма, чындзау, истæмæй сæфсæрмы ис, кæнæ та æнхъизгæ бæгæны хъæзын къусæй фæнозта. Ныхасы бæлæстæн сæ иуварс рухсгæнгæ æрцыди цъуппытæй зæххы ’рдæм. Бæлæсты бын куы барухс ис, уæд дзы раргом ис: бадынц ма уæлæсыхы лæгтæ бæлæсты бын.
Чи æркъул кодта бæласы æнцой æмæ лулæ дымы, чи бады хъæды лыггагыл, лæдзæгыл æрæнцой кæнгæйæ, чи афæлдæхти цъæх нæууыл дæлгоммæ, чи дурыл бады, чи дзуццæджы æрæнцой кодта. Дзурынц уæлæсыхы лæгтæ ног хабæрттæ, чи кæм уыди, чи цы федта, чи цы фехъуыста. Ранæй-ран, бæлæсты бын, фæсивæд къордгæйттæй лæууынц, сусæг ныхас кæнынц, хистæртæ сæ куыд нæ хъусой, кæнынц хъæубæсты чызджыты кой, дзурынц, хъазт та кæд уыдзæн æмæ кæм уыдзæн.
Раджы рацыди Таймураз абон Ныхасмæ, фæлæ ныр дæр хæдзармæ цæуыны фæнд нæма кæны — ныхасы аирхæфсы йæхи, ныхасы айрох вæййынц йæ зæрдæйы мæстытæ.
Чысылгай йын бацайдагъ ис быцæу иу сыхагимæ. Быцæу загъдмæ ахаста.
— Кæимæ дзурыс, хæрæджы фырт?! — фæхъæр кодта сыхаг. — Куыд уæндыс ды ныхасмæ цæуын? Куыд уæндыс ды мемæ дзурын? Дæ фырты Куыдзиты Батрадз фысау аргæвста... Райстай йын, мыййаг, йæ туг?.. Уæдæ цæмæн хъал ныхас кæныс?!.
Ахæм фидис фехъусгæйæ нал базыдта Таймураз, кæм уыди, цы уыдис, фелвæста кæрддзæмæй хъама æмæ балæбурдта æфхæрæгмæ. Ницы йын бантысти. Уайтагъд дыууæ знагыл амбырд сты, кæрæдзимæ сæ нал бауагътой.
Нæ бацыди Таймураз хæдзармæ, сбадти къæсæры фарсмæ, йæ даргъ зачъейæ йæ риу æгасæй æрæмбæрзгæйæ. Бадти æнæзмæлгæйæ æмæ йæ царды фыдбылызтыл хъуыдытæ кодта.
Йæ зæронд æфсин, Дзыллæ, ракасти иу хатт дуарæй æмæ йæ æхсæвæр хæрынмæ хуыдта.
Лæг ницы сдзырдта, æрмæст йæ къух ауыгъта.
Ус бамбæрста, Таймуразы зæрдæйы цавæрдæр маст кæй ис, фæстæмæ хæдзары фæмидæг ис, зыдта, ахæм сахат йемæ дзурæн кæй нæй...
Бирæ фæбадти афтæ Таймураз. Мæй бæрзонд ссыди æмæ уырдыгæй бынмæ фæлгæсыди, цыма йын исчи йæ бар бакодта зæхх хъахъхъæнын æмæ бæрæг кæнын: чи цы ми кæны, чи куыд цæры. Алырдыгæй та стъалытæ, цыма сæ хуыссæнтæй ныртæккæ сыстадысты, уыйау сæ цæстытæ æрцъынд-æрцъынд кодтой... Хъæубæстæ афтæ æрсабыр ис, æмæ ма хъуысти æрмæст хъæуы æдде цæугæдоны уынæр, хъуысти ма ноджы хаттæй-хатт куы иу ранæй, куы иннæ ранæй куыйты рæйын.
Таймураз ма бады къæсæры фарсмæ. Хъынцъым кæны, хъуыдытæ кæны, ныр цы кæна, хъару дзы куы нал ис, туг исын та уæвгæ куы хъæуы... Æрхъуыды кодта йæ кæстæр фырт Саукуыдзы — уый та æнахъом у, фынддæсазыккон, цы бакæндзæн!.. Ам дæр нæй, балцæй къуырийæ раздæр не ’рцæудзæн.
— Куыд ныр? — дзырдта хинымæр Таймураз. — Адæмы размæ акæсæн куы нал ис... Стæй адæм кæй дзурынц, кæд уый æцæг у, уæд мæ мард фырт мæрдты æнцой куы нæ ардзæн... Нæ, туг исын хъæуы! Тæккæ райсом хъуамæ мæхæдæг ацæуон!..
Уыцы хъуыдыты уæзæй Таймураз бадын нал бафæрæзта, акасти алфамбылай, алæууыди æнцад лæдзæджы æнцой... Стæй уæд фæхъуыды кодта, æнафон кæй у, мæй дæр кæй афардæг ис, æмæ бараст ис йæ уатмæ хуыссынмæ.
Хуыссæг та кæм уыди — фыдæбон кодта. Хъалæй йæ зæрдæ хъынцъымæй марди, фынæйæ та фыдфынтæ уыдта.
Нæ фынæй кодта йæ зæронд æфсин Дзыллæ дæр, уый хуыссыди хицæнæй зæххыл, ерджен æмæ нымæтыл. Куы хъуыста йæ лæджы хъынцъым æмæ сæнттæ, уæд дис кодта: цы кæны, цы йыл æрцыди!
Раст æртыккаг кæркуасæнты Таймураз рабадти йæ хуыссæны æмæ сдзырдта сындæг:
— Хуыцауты Хуыцау, дуне, æппæты сфæлдисæг! Цæй диссаг у ай? Ныр мæм æртыккаг хатт фæзынди мæ мæгуыр фырт... Цæсгомæй, дзаумайæ туджы пырхæнтæй æхгæд... Раст афтæ уыди уый амарды бон... Кæсы мæм æнкъард цæстæй... Цæмæн мæ ферох кодтай, зæгъы, — æвзæр фырт дын куы нæ уыдтæн... Райс мæ туг, кæннод мæ иннæ мæрдтæ сæхимæ куы нæ уадзынц!..
Уыцы ран лæджы ныхас аскъуыди. Дзыллæ фынæй нæ уыди. Уый хъуыста, хъуыста æнцад йæ мойы хъæрзынмæ, йæ мойы ныхæстæм, стæй йæхи нал баурæдта æмæ ныдздзынæзта:
— О... мæ мæгуыр лæппу! Цардæй æнафоны фæхаудтæ... Ныр та цæй зын ран дæ, цæй?! Мæрдты дын бынат куы нæ ис!.. О... О... О, куы басыгъди мæ зæрдæ, куы нытъæпп кæндзæн ныртæккæ мæстæй!..
Таймураз усы дзыназынмæ фыццаг сдзурын ницы сарæхсти, фæлæ æрæджиау фæхъæр кодта:
— Банцай!.. Ныффынæй у дæ куыдзы хуыссæны!
Дзыллæ уайтагъд хъæццулы бын фæтымбыл ис, фæлæ ма уырдыгæй бирæ афонты йæ сусæг кæуыны уынæр хъуысти.
Аивгъуыдта æгас къуыри. Хуыссы рынчынæй Таймураз. Асастысты йæ уæнгтæ, йæ хъару, асасти йæ зæрдæ. Йæ цард ихсийы, цырагъау судзы. Мæнæ удхæссæг цæвæгимæ йæ уæлхъус æрбалæудзæн...
Æстæм бон æрыздæхти йæ балцæй Саукуыдз. Уый базонгæйæ, Таймураз рабадти йæ хуыссæны. Талынг ныккæндмæ тынты дзыгуыр куыд бахауа, афтæ Таймуразы тар зæрдæмæ дæр чысыл рухс бакасти. Уый зыдта, йæ фырт Саукуыдз хъаруджын гуырд кæй у. Ныры онг ын, йæ æнахъомдзинады тыххæй, ницы æмбарын кодта, фæлæ ныр сфæнд кодта лæппуйы зæрдæйы масты æнхъизæн баппарын.
Саукуыдз куыддæр бæхтæ феуæгъд кодта æмæ сын хæринаг авæрдта, афтæ бацыди хæдзармæ.
Мад ын амбарын кодта, йæ фыд рынчын кæй у. Бауади лæппу уатмæ. Уыны, фыд бады хуыссæны, рустæ мидæмæ бахаудтой, цæсгом фæлурс — цикъæйы хуызæн, цæстытæ æнахуыр æрттывд кæнынц.
— Цы кæныс, баба, цæмæй рынчын дæ?
Фыд бакасти йæ фынддæсазыккон иунæг хъæбулмæ — уый фæллад, рыгæйдзаг, æнкъардæй лæууы йæ разы. Фæтæригъæд кодта Таймураз æнахъом лæппуйæн. Æндæр хъуыдытæ дæр ауади йæ сæры.
Дзуапп ратта лæппуйæн:
— Ныр мыл къуырийы бæрц тæфсæгау кæны.
Лæппу æнкъардæй рацыди хæдзарæй. Мад кæсы йæ фырты цæстытæм, фæнды йæ базонын, цы йын загъта фыд. Дзыллæйы фæндыди, иуæй, лæппуйæн æцæгдзинад схъæр кæнын — кæд йæ хистæр хъæбулы туг ист æрцæуид, иннæмæй та, тарсти йæ иунæг хъæбулыл исты æрцæуынæй... Ницы уæлдай загъта. Ныууагъта хъуыддаг Таймуразы бар, хъуыды кодта хинымæр: «Уый хæдзары сæр у æмæ йæ куыд фæнда, афтæ уæд!»
Бирæ тухи фæкодта Таймураз уыцы æхсæв, — стыр быцæу кодтой алы хъуыдытæ йæ сæрымагъзы. Бон куыддæр барухс ис, афтæ Таймураз бадзырдта йæ фыртмæ. Саукуыдз фæтарсти, кæд йæ фыд мæлы, мыййаг, æмæ йын фæстаг ныхас зæгъы. Тагъдгомау бацыди мидæмæ, Таймуразы та хуыссæны бадгæйæ баййæфта.
— Знон дын мæ ныхас æххæстæй нæ загътон, лæппу, — афтæ райдыдта Таймураз. — Ныр къуырийы бæрц цæуы, афтæ мын ныхасы иу куыдзы фырт бафидис кодта, кæимæ, дам, дзурыс, дæуæн дæ фырты туг ист куы нæ у. Уый уыди æгас Ныхасы раз... Мæ къух æм нæ бахæццæ ис, уыййеддæмæ фидисгæнæг ныхасы бæргæ афæлдæхтаид... Æнæ уый дæр мæ зæхх йæхимæ ласта, фæлæ уæдæй фæстæмæ иудадзыг асасти мæ зæрдæ, мæ хъару... Ныр дæ æнамонд æфсымæры алы æхсæв дæр мæ фыны уынын... Мæ ныхæстæ дæ зæрдæйыл бадар... Уый зон, мæ иунæг, æмæ ма мæ къæхтыл куы слæууон, уæддæр мын уыцы фидисы фæстæ адæмы астæумæ цæуæн нал ис...
Уыцы ныхæстимæ фыд йæхи æруагъта хуыссæныл.
Лæппу ницы сдзырдта. Йæ цæстыты чысыл цæссыгтæ ферттывтой, афтæмæй рацыди уатæй.
Саукуыдзмæ раджы æрхаудта хæдзары мæт, дæс азы йеддæмæ йыл нæ цыди, афтæмæй фосмæ зылди, суг ласынмæ дæр-иу ауади. Таймураз рынчынгæнаг хаста, æмæ хæдзары куыстытæ фылдæр лæппу кодта, æрмæст ма йæм-иу хаттæй-хатт мад фæкасти. Афтæ æнахъомæй бавзæрста Саукуыдз мæт æмæ зындзинæдтæ. 15 азы йыл куы ацыди, уæд цæсгомы ахастæй æмæ цæстæнгасæй зынди ас лæджы хуызæн. Рæзгæ бæрзонд нæма скодта, фæлæ уæнгджын æмæ хъæддых лæппу уыди. Ныр фыды разæй куы рацыди, уæд мадæн ницы базонын кодта, мад дæр æй нæ фарста, æрмæст хинымæр куывта: Хуыцау, не сфæлдисæг, хъуыддæгтæ рæстмæ сараз!
Федта Саукуыдз, хæдзары суджы къæцæл кæй нæ ис, æмæ суг ласынмæ ацыди. Уый фæстæ хæдзары æхсызгондæр куыстытæ акодта. Изæрæй та фыццаг Ныхасмæ рацыди, стæй иу сых, иннæ сыхы балæууыди, кæйдæрты федта, кæимæдæрты аныхас кодта. Цы агуры, цы ми кæны, уымæн ничи ницы æмбæрста.
Æхсæвæрыл йæ мадæн загъта:
— Иу ран мын хорз суджы уæрдон баззади æмæ йæ æххæст æрдавын хъæуы. Чысыл мын кæрдзыны къæбæр æмæ цæхх уæртæ къæйы кæроныл æрæвæр! Æз тынг раджы цæудзынæн.
Мадæн йæ зæрдæ рысти, кæд исты сфæнд кодта йæ иунæг хъæбул, фæлæ ницы рабæрæг кодта æддæмæ, ницæмæй бафарста.
Арв хурыскæсæнырдыгæй цъус хъулæттæ кæнын байдыдта, афтæ тар хъæды фæсвæндагмæ баздæхти иу лæг æмæ стыр бæласы рæбын æрæмбæхсти. Бады уым, йæ астæуыл хъама, йæ уæрджытыл цæхгæрмæ æвæрд топп-бердан. Хаттæй-хатт ракæсы, айхъусы фæндагмæ, дæлæмæ. Абадти афтæмæй дзæвгар. Арвы хъулæттæ арæхдæр кæнын байдыдтой. Мæргътæ бæлæсты сыфтæрты хъал кæнын байдыдтой, алырдыгæй чысылгай сæ циц-циц хъуыстис!.. Уалынмæ хъæд иууылдæр байдзаг ис зард æмæ æхситтæй.
Бирæ хæттыты уыди Саукуыдз хъæды, фæлæ йæм нырæй рæсугъддæр дуне никуы фæкасти. Хъуыста мæргъты зардмæ, фæлгæсыди, арвы хъулæттæ фылдæрæй-фылдæр куыд кодтой, æврæгътæ хурыскæсæнырдыгæй сæ хуыз раив-баив куыд кодтой...
— Цæй хорз у дунейы цард! — уайтагъд та-иу сдзырдта хинымæр. Сыстади, иуæрдæм, иннæрдæм акъахдзæфтæ кодта. Йæ зæрдæ афтæ рухс уыди, афтæ дзаг уыди циндзинадæй, æмæ хъавыди мæргъты зардыл йæхи зард дæр бафтауын. Фæлæ уым æвиппайды фестъæлфыди, — дæлæрдыгæй фехъуысти уæрдоны хъæр æмæ адæймаджы дзурын... Куыд æй айрох ис йæ цыды сæр. Асгæрста хъама, æрбайста дыууæ къухмæ топп æмæ фæндагмæ хæстæг къутæрты æрбадти. Кæсы дæлæмæ, фæндагмæ. Бæлвырд, уыдон сты — æртæ æфсымæры æртæ уæрдонимæ. Разæй цæуы хистæр æфсымæр Бадæг, дыккаг уæрдонимæ цæуы астæуккаг æфсымæр Барæг, кæстæр æфсымæр та — Батрадз, йе ’фсымæры йын чи амардта, цæуы фæстаг уæрдоны фæстæ. Дысон базыдта Саукуыдз, уыдон боныцъæхыл ам кæй уыдзысты. Мæнæ-мæнæ схæццæ кæнынц...
Саукуыдз топп æргъæвдæй дары, фехсид бæргæ раздæр Батрадзы, фæлæ уый уайтагъд фæстаг уæрдоны аууон фæвæййы.
Æруагъта сампал. Топпы хъæр анæрыди, азæлыди тар хъæды къуымты. Хистæр æфсымæр ма иу хъæр фæкодта: «Амардта мæ!» æмæ афæлдæхти уæрдоны фарсмæ, фæндаджы хъæбæрыл. Дыккаг гæрах фæцыди, фæлæ нæмыг дзæгъæлы ацыди. Уæртæ æрбазгъорынц Саукуыдзмæ æлвæст хъаматимæ иннæ дыууæ æфсымæры. Иу гæрах ма бафтыди Саукуыдзы къухы. Нæмыг атыдта Барæджы фæтæн ных, — хъыпп-сыпп нал сфæрæзта лæг, ауæлгоммæ ис цъæх нæууыл.
Саукуыдз та аргъæвта топп, фæлæ уыцы минутыл Батрадзы фæтæн хъама йæ чъылдымæй акасти. Ахаудта лæппу уæлгоммæ, йæ къухтæ ма дзæгъæлы тылдта. Уæд фелвæста Батрадз хъама æмæ йæ лæппуйы хурхы атъыста. Къахæй ма дыууæ цæфы ныккодта Батрадз лæппуйы цæсгомæн, стæй ныссæрфта йæ хъама æртæхджын кæрдæгыл æмæ рауади йе ’фсымæртæм — ницыуал. Нал райгас кæндзæн — дыууæ дæр уыдысты мард.
Иу цæссыг не ’ркалдта Батрадз йе ’фсымæрты уæлхъус, йæ дзыхæй не ссыди кæуыны уынæр. Чысыл, æрмæст минуты бæрц, сагъдау алæууыди фæндаджы астæу. Ныууагъта фæндагыл йе ’фсымæрты мæрдтæ, ныууагъта уæрдæттæ дзæгъæлæй.
Хур хъæумæ нæма æркасти, фæлæ йæ тынтæ хæхты цъуппытæй ныррухс кодтой æмæ чысылгай, хъазгæйæ, хохæй-хохмæ гæппытæ кæнгæйæ, дарддæрæй-дарддæр æмæ ныллæгдæр цыдысты. Хъæубæстæ райхъал ис. Уæрдонджынтæ, бæхджынтæ æмæ фистæджытæ уынгты алырдæм цыдысты. Уыдон нæма зонынц, цы фыдбылызтæ æрцыди хъæубæсты.
Фæлæ бирæ нæ хъæуы хабар айхъуысынæн. Хуры тынтæ куыддæр хæдзæртты сæртыл сæхи ахафтой, афтæ хъæуы сæрæй хъæуы бынмæ айхъуысти зæрдæхалæн хабар.
Сæумæрайсом Таймуразы хæдзармæ бабырста Куыдзиты Батрадз æмæ лæджы йæ хуыссæны сæргæвста. Базыдтой адæм ноджы уыйфæстæ: хъæды астæу, фæндагыл æртæ марды лæууы — Куыдзиты Куыдзæджы фырттæ — Бадæг æмæ Барæг æмæ Таймуразы фырт Саукуыдз.
Хъæуы сæрæй хъæуы бынмæ адæм лæгæй, усæй æмызмæлд сысты, къордгæйттæй æмбырдтæ кодтой æмæ æнкъардæй цыдысты мæрдджынты хæдзæрттæм. Суанг сывæллæттæн дæр сæ зæрдæ нал ради хъазынмæ — иудадзыг уыцы фыдбылызы кой кодтой.
Æмбырдтæ кæнынц адæм мæрдджынты дуæрттæм. Дардмæ хъуысынц дыууæ хæдзарæй хъарæг æмæ дзыназын.
Урсзачъе зæрæдтæ æнкъардæй мæрдджынты дуæрттæм лæууынц, æрдиаг кæнынц фыдбылызыл, дис кæнынц, цы æрбамбæлдис дыууæ мыггагыл — фидауыныл куы уыдысты: Фæлæ сæ зæрдыл æрбалæууыди, иу къорд бонты раздæр Таймуразæн туджы фидис кæй загъдæуыди. Уæд бамбæрстой хъуыддаг æмæ нал дис кодтой... Арфдæр æрæнцой кодтой сæ лæдзджытыл æмæ, сæ урс зачъетæ схъаугæйæ, хинымæр дзырдтой:
— Хъуыддæгтæ аразæг Хуыцау у... Табу йæхицæн!
This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago). The author died in 1944, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 79 years or less (if applicable), or the copyright term is 100 years or less since publication (if applicable). |