Сахи рæсугъд (Гуырдзыбеты)

Сахи рæсугъд (1903)
by Гуырдзыбеты Бласка
290367Сахи рæсугъд1903Гуырдзыбеты Бласка


САХИ РÆСУГЪД


Кадæнгæ

Цæгъдæ, цæгъдæ, мæ фæндур,
Цæгьдæ зæрди фæндæй рæуæгдæр!
Кæд дæн зарунмæ æз мæгур,
Фæрсаг мин кæнæ ду уæддæр!

Исцæгьдунмæ — гьæр дзæнгæрæг,
Кæнис мæ мæхебæл æууæндун.
О, мæ кегъæре, мæ гъæргæнæг,
Ме 'цæг лимæн, мæ фæндур!

Изæрæй-изæрмæ мæ арти сæргъи,
Мæ зартæн сæ мæтæй,
Фæрсаг кæнæ мæ бадти дæргъи
Æхцæуæн, рæсугьд дæ тæнтæй!

Адтæнцæ æви н ' адтæнцæ
Мæ заруйнæгтæ зæнхæбæл,
Ицæг æнцæ æви нæ 'нцæ, —
Нæ фæххæтдзæнæн уонæбæл.

Фал геппи уагъдæй æгасæй
Сахи рæсугьди æмбесонд
Адæмæн дæ фæрчи, нихасæй,
Искæндзæнæн фæлдесонд!
Цæгьдæ, цæгъдæ, мæ фæндур,
Цæгъдæ зæрди фæндæй рæуæгдæр!
Кæд дæн зарунмæ æз мæгур,
Фæрсаг мин кæнæ ду уæддæр!

I
Йеу мæсуги рæбун, фæлладæй,
Æрæфтуйгæй чидæр æ зæрди,
Бауолæфунмæ æ надæй,
Лæг æрфестæг æй цъæх зæлди.

Бæхбæттæнбæл бабаста
Æ хъал саргъи йе 'фсургъ;
Уод ин хори хæццæ фæразта
Исæвзарун æ сурх.

Ишиста æ черхъ, йе 'схъæр,
Æ сагъæдахъ, æ хъæма, æ йарцæ,
Ишиста æ цæнгтæ, ишиста æ сæр
'Ма æндонæй æстарцæ.

Рæсугьд бабадтæй, джиуарбадт,
Бахадта æ дустæ арф...
Изол жиндтæй æ даргъ над,
Æ кæрон — зæнхæ 'ма арв.

Равзурста йефтигъд хатæнти,
Райсгæй æ къохи фæндур,
Банцъулдта йин æ тæнти
'Ма низзардта æ хуарз хъур:
— 'О, мæ жин инæфт, мæ фидæ,
Дæ мæрдæй байзадтæн æвзонгæй!
Дженети бадай, мæ мадæ,
Дæ реумæ йирæзтæн æстонгæй!..

Ка 'дтайтæ, ка, мæгуртæ?
Адтайтæ муггагæй уездон,
Æви райгурдайтæ фæсхумтæ,
Ку нæ зонун мæхецæн йеу ном!

Адтайдæ уин, цума, къæсæр,
Бакæнунмæ ба дуар,
Æви цудæй губурæй уæ сæр,
Фиртонау уæ даргæй æлдар?..

Бадтайайтæ, ку фунхтæй уæ губорæ
Фæйнæ къумеми æд сагъæс:
Уæ йеу — æд фæндур, æд лолæ,
Уе 'ннæ — æмпъозгæй æ дарæс!..

Игьосун: адтæй мæ фидæ курмæ лæг,
Фуд дæшни фæндурæй;
Фал мæ мадæ, мæгурæг,
Цардæй æ хæццæ мæгурæй.

Сог хастайдæ æргьомæй
Зумæги дæргъчи — бæгьæмбад...
Киудтайдæ, æвæджи, æ номæй —
Куд нæ'й мæгур цæстæвард!
Гъизт дæр æй салидæ æ суфи
Даргъ зумæги æнæгьдау,
Уæддæр мин даридæ мæ цъухи
Æ сор реу æнæвгъау;

Мадау кодтайдæ мин, æвæджи,
Авдæнæмæ буллатæ,
Заргæй: фестæ мин хъал нæжи,
Исуадзунмæ талатæ...

Уотæ цардайдæ мæ мадæ
Йе гурцæй мæлæтмæ,
Нæ базонгæй æ йадæ
Цардæн æ лæгмæ!..

Уæд ду ба, мæ фидæ?
Адтайсæ дæ зæрдæ, дæ бонæй тар,
Фал ди æфсæдæн нæ уидæ,
Ку кодтай игъæлдзæгæй зар!

Уæ мæрдæй, мæгурæг мæ бон,
Идард йескæд — мæ ивæрзæн,
«Ка дæ, ка?» мин — ном,
Будури дор мин — нивæрзæн.

О, рохсаггаг мæгуртæ,
Уæ ном куд исæфуй æнæ фæд?
Уотæ мин адгинмæ фунтæ,
Мæ реу уæ туххæй бæрзонд инæфæд!..»
Фæгъгъос æй фæндурæн æ зарун,
Уæллæй фегон æй и мæсуг,
Кадæр райдæдта æгъзалун
Ирд æртæхæй цæштисуг.

Искастæй имæ æваст...
Нæ лæг фæкъкъех æй цæмæдæр:
Æ зæрдæ фæцæй рæхуаст
Чиргъ арцæй хъæбæрдæр.

Кизгæ, тар арви ивад мæйау,
Æ сау джиккоти æ цæсгом, —
Æрдзурдта имæ фунау
Уæллæгтæй æргом:
— «Ка дæ, уой дин фæсмæрун, —
Нæ бафæсмæрун аййепп æй!
Ма уæд дæ игурцæ дæ рун, —
Жиннуй муггаг дæ геппæй:

Йе дæ асæ, йе дæ дзаумау,
Йе дæ арæхст зар дæ цъухæй,
Йе дæ уиндæ, йе де 'гъдау—
Гъæр дзорунцæ дæ туххæй!

Ка дин нæ зонуй дæ фиди ном,
Æ хуарз зарти зæнхæбæл?
Æ туххæй дин куд нæ дзæгъон
Æнцойадæ æнæ 'нгъæл?
Игъосæ 'ма мæбæл æууæндæ:
Адтæй дæ фидæн лæварæн
Æрви 'взаг æд фæндæ
'Ма адæмæн сæ барæн.
Некæд иста бæрæг уод,
Игъаугийæй уаджимисæн;
Кодта алкæмæн æхе конд
Фæшевæдæн имисæн...

Æхшицгон ин зарунцæ
Æ хуарз зартæ нур дæр,
«Рохсаг уо» ин дзæгъунцæ
Фиццагæй фулдæр;

Нурмæ дæр ин фæдзæхсуй
Сæумæбæл æхсæвæ æ ном, —
Читгин æй фæстæмæ хæссуй
Æхсæвæмæ бон...

Дæ фиди над — дженетмæ,
Æз дин кæнун æгъдау:
Раздæхæ медæгмæ,
Федауй дин æвгъау!»

Уæд нийнæфтæй Батæраз
'Ма сдзурдта рæуæгæй:
— «Исæмбес æй мæ цардæн æ тæраз —
Фæццох дæн æ мæтæй!
Гъенур райгурдтæн цæрунмæ,
Кæнун мæ жинбæл фæсмон...
Дууæ дин уон дæ рунмæ —
Ка дæ, дзæгъæ мин дæ ном!..»

«— Æз? Сахи рæсугъд:
Мади зæнæгæй — йеунæггонд,
Ниви хаййæй — зæрдæ сугъд,
Цардæй ба — æнамонд»...

Цалдæн Батæраз дзурдта,
Рæсугъди хæццæ уагæй,
Уалдæн æй медæгмæ худта
Йеу лæг, хезгæй æй рагæй.

Бацудæй медæгмæ,
Нечи уинуй æ разæй,
Айдагъ игъосун æ дзурдмæ
Æ зæрдæн фæразуй.

Æ бунæй имæ, мурау,
Цæуй рæсугъдæн æ дзурд;
Æ меднимæр æй, фунау
Лæдæруй мæгурæн æ зунд.

II
Раги зудтонцæ хинцун,
Ку уидæ хинцуйнаг:
Нæ фæразта шин фицун
Цæлгæнæн хуæруйнаг:
Куд нæ ' й уомæй имисуйнаг Нарт?!
Æфшийнæ, нæ зонгæй æнцойнæ,
Калидæ æнæвгъау æ сойнæ,
Фицгæй иуазæгæн хуард;

Æ думæгкæгтæ — æ суйни,
Æ хъал дустæ — хатт...
Зæрди æфтудта æлхуйни,
Ку кодта иуазæгæн уат...

Цæй, даргъ ма кæнон йеугæрон,
Куд цардæй нæ раги Нарт —
Нæ дæн уæгьдæ, йевдæлон
Æхсæдунмæ цард.

Æфшийни римахст ка зонуй!
Кунæг рæдау фæскъумтæ
Нæ хаста тæбæгъи, аууонæй,
Адгинтæ, цæхгунтæ!

Сахи рæсугъд 6а, æвæджи, —
Чи дзæгъон, кижги зæрдæ æхгæд æй —
Кодта муггагæн нимæджи
Нæ мæгури æстæгæй...

Цæй, фæззардта шин, фæккафта
Батæраз сæ хиншти йевгъуд;
Арæхст боз шин кæд дзагъта,
Уæд ин хуссунмæ — æнгъуд!..
Кæрæджемæн хуæрзфунтæ
Дзагътонцæ иуазæг 'ма фусун,
Урдугистгутæ фæскъумтæ
Байдæдтонцæ фингитæ сæрфун...

Сширдта ши алке æ бунуат,
Иуазæгæй, фусунæй;
Узта сæ урундухъти хъал уат,
Цалдæн хъæрттæй сæ фунæй...

Ниффинсунмæ куд ниррæмон,
Куд исдзæгъон æз ицæг, —
Беретæ мин, мæгур мæ бон,
Тондзæнæнцæ мæ æфцæг!..

Хатир мин кæнтæ, нæ шилтæ,
Сосæггаг ку дзорон æргомæй!
Бæргæ айтæ нæ зæрдæн æ фиутæ,
Фал... Фал æвдеу уæ ном æй!

Чи нæ кæнетæ уæ рæстæги,
Игурцæй ку уайтæ æригон? —
Æрра кæнетæ бустæги,
Ку уа уæ зæрдæн уарзон!..

Дарий хæдони, æхсæви тари,
Тæрсгæ-резгæ, сосæггай,
Йеу дуармæ, йеу хæдзари,
Рæсугъд игьуста сабургай.
Æ къахи рохс уорсмæ
Содзæг кодта æ дзабур;
Цудæй æ къæртгьосмæ
Йе 'фсардæн æ сабур.

Æ фуни реу æ уолæвди
Рæхги бæрзонд инæфтæй;
Сугъта æй æ жин тæвди
Зуст сæрдау, æ рæфтæй.

Бакæсуй, мæгур, йеу цъасæй,
Æвæруй æнгом ибæл æ гъос...
Æ зæрдæ чи гупп ласуй,
Чи сурх исцæй æ рос!

О, æвдеу шилæ, мæгурæг!
Нийнæфуй, уазалæй резуй,
Нæ зонуй, чи ' й фæндуй,
Истуй, чидæр ма хезуй.

Уинуй: бадуй ма нæ мæгур,
Нæма бадумдта æ чирагъ, —
Кæми ранихуй æ уæлхъур,
Кæми ба — æ рагъ;

Исбадидæ, фештидæ
Æ уати æд фæндур;
Низзаридæ йештитæ
Фуни разæй æ хуарз хъур...
Йеу зар ма йисцагьта,
Бадумдта æ чирагъ
' Ма йеу дзурд исдзагъта
Æхе уадзгæй даргъ.

Æндиудджинадæ рæдуд хæссуй,
Ку уа æнæгъдау æгæр:
Рæсугъд цæмæдæр нæ хуссуй,
Исафуй сонтæй æ сæр.

Йе 'взонг реуи æ зæрди хунæ
Æхе ма цæмæйдæр ивæрзуй
'Ма фæсдуар чилле тунæ
Æхцæуæн æхецæн нивæндуй...

Ку нæбал цудæй æ рохс
Батæразæн æнафони,
Уæд сосæг дзурдæй æ гъос
Æригъуста æ номи:

Йе Сахи рæсугъд инн'аварæй
Арфæ ин æрвиста,
Фал йечи 'хсæвæ жин хъазарæй
Æ игъосун бафиста...

Зонетæ, зонетæ, фуд шилтæ,
Сосæггай кæнун гъуддаг,
Фал йеу уæхæни уæ миутæ
Адæмæн исунцæ дзурддаг!
И дуар нæ бафæразта
Сахи рæсугьд уорамун;
Æвеппайди йин ку хуаста
Кимжелæй æ рæбун.

Гуппгæнгæ бахаудтæй
Медæгмæ æ тæрвазæ,
'Ма нæ рæсугъд рахаудтæй,
Ниццæвгæй æ тæнгъазæ...

О, дæлзæнхæ, о, арв,
Читæ 'взаруй Батæраз!
Сахат ин цæмæ 'й даргъ,
Тари нæ уингæй æ раз?!

Раирдта æ джиппити
Йе 'дзæгънæ, йе 'ртдор.
Искалдта шин сæ жингити,
Исрохс кодта æ цор.

— «Ка дæ, ка, хуарз сувæллон,
Дзæгъæ мин йеу дзурд!
Ку нæ зонун, ка дæ 'нгъæлон —
Æвгъау ку ' й зæнхæн де 'гурд!»

Уотæ дзурдта Батæраз,
Уингæй рæсугъди фæлдагъдæй.
Ку 'стадæй зæнхи æнæ баз
Йе 'ндæргъæ æндагъдæй.

III
Сахи рæсугъд ку 'рлæдæрдтæй
Айдагъ хæдони æ бæгънæг,
Гъеуæд æууæндгæй
Исдзурдта, æвæргæй йе 'гънæг:

—«О, мæ хор, нана, кæми дæ,
'Стур хатир ди — мæ коруйнаг!
Кадгин кæнуйнаг, мæ фидæ,
Изол ди уæд мæ ходуйнаг!..

Иуазæг, мæхе дин фæдзæхсун,
Де 'гьдаубæл æууæндгæй,
Бафæразæ мин фæххæссун
Мæ ходуйнаг æ фæткæй!»

—«Авари нæхуæдтæ ан,
Неке нæ уинуй, сос!
Ами ке нæ 'й хан,
Уомæй ку дæн боз.

Æз ачи цау сосæггагæн
Фæххæсдзæнæн мæ чиртмæ:
Фал æгæр бадæн —
Ма 'рбацæуæд йешке нæ жингмæ.

Нæ федауй атæ бадун
Некæмæн ни æ дарæши...
Уадзæ мæ уотæ хатун,
Бацæугæй дæ сагъæши!»
—«Иуазæг, донласт хулуййæй нæ тæрсуй,
Йеу мингий ма бабадæн!
Зонæ, зæрдæ федаучи нæ фæрсуй
Æхецæн кадæн!
Корун, байгъосæ мæмæ нур,
Æз ба дин мæ ниййергутæй фæсаууон,
Базонунмæ зæрди бун,
Æндиудæй искалон:

Мæ райгурæн — хани кешена,
Мæ йенчегхæссæг — æлдар Кæсæгæй,
Мæ рæвдауæн — хуарз чепена,
Ме 'ртайæн — сауæдони ирд суг æй.

Кæдзос зæлдагæ — мæ даруйнаг,
Сугъзæрийнæ — мæ басмæхътæ,
Царв æма муд — мæ хуæруйнаг...
Корæ мæ, корæ, лæг кæд дæ!»

—«О, Сахи рæсугьд, мæгур дæн,
Нæ зонун мæ игурчи мæ муггаг! —
Кадæ кæнун дæ дзурдæн,
Фал æз нæ дæн дæ аккаг!

Æнæ муггаг нæ нихæши
Æй фæди-фæдмæ æнæ аргъ...
Фæлтау ма цо мæ ихæши,
Фæндонæй ма йесæ ду жин уаргъ!"
— «Йа-уæу-уæй-йе, йиуазæг,
Цæмæ дзæгъи уæхæн дзурд!
Ку 'й мæ зæрдæ дæ уарзæг,
Уæд ин чи 'й, дæ йигурд?

Ку дæн фуни уинуйнаг,
Ка мæ уинуй, йе ку дзæгъуй:
Сæниат — хъæбеши кæнуйнаг
'Ма æ мед-зæрдæ ку кæуй!

Йесун дин æз дæ муггаг,
Аргъ ин кæнун дæ зари, —
Йисмæ кæнæ дæ аккаг,
О, мæгур зарæг, дæ бари!

Уодзæнæн дин имонау,
Нихиджиуаргин, нивæвард,
Æрттевдзæнæн дин айдæнау,
Адгингæнгæй æз дæ цард!

Нæ 'й нæ фæндæ гурусхаг,
Фал мæ цард мæ ниви ихалуй:
Идард йеу æвдеу, дæлзæнхаг,
Мæ фудæй æ зæруи нæ мæлуй;

Уомæн мæмæ æ тæфæй
Хъæртуй дæндаг, æдæуагæ,
Уомæ калун æртæхæй
Кæугæй сугтæ цардгъæуагæ.
Авд денгижей иуордæг цæруй
Сау гьæди мæрдзæшти;
Æ дзурд, арви гъæрау, цæуй
Æ медгъæу, æ бæшти.

Мæ коргути маруй æ лазæй,
Нæ дæтгæй мин ниви над, —
Зонæнгин æй 'ма фæразуй
Нæ радтун уодæн адгин цард.

Цæугæ уомæ, мæ зæрддаг, —
Йе йин балхæнæ æ зæрдæ,
Йе йин фæууо æ йаккаг, —
Дæ бон цæуй, лæхъуæн дæ!

Гъа, дæ реубæл дин мæ реуæй
Мæ айдæнæ ауиндзун,
Хездзæнæй дæ æвдеуæй
Зæнхи рагъбæл дæ медфун.

Ний кæшисæ, ку кæнай хъурмæ,
Ний кæшисæ нади сæри,
Ний кæшисæ, ку цæуай фунмæ
Даргъ бонæн æ изæри».

— «О, Сахи рæсугъд, æрвигурд,
Дарæ мин мæ коймæ дæ гъос!
Æ лæгигъæдæй курми фурт
Æрхæсдзæнæй дин æ боз!
Æз куд лæдæрун, уотемæй
Æй æвдеу дæ царди сау халон
'Ма жин цæрис федтонæй,
Дæхе æнгъæлгæй æ хъалон.

Ма тæрсæ, уодзæнæй мæ бæрагæ,
Æз ин истондзæнæн æ дæндаг,
Исшергæй æй хебæрагæ,
Йе æхемæ, йе уæлвæндаг!

Уæд мæ ма 'скæнæ дæ аккаг,
Ку' раздæхон æгадæй
'Ма дин ку не' скæнон фæндаггаг
Цæрунмæ æвдеуæн æ мардæй!..»

Берæ æхсæвæй нæбал йес —
Хуссун шин афонæ 'й...
Игъосгутæ, ма уотæ цæмæдес, —
Курми фурт уездон æй!

Кунæг естæмæнти æвдесæн
Нæ ниллæудтæй йечи 'хсæвæ,
Фал ка ма сæ кæнуй десæн
Адæмæн фæстæмæ!

IV
— «Сæниат, мæ хор, Сæниат,
Цæмæн хушшис игонæй?!
Чъифæ цæмæ'й дæ уат?
Йеу фестæ, æрбон æй!
Рæсуд цæмæ 'нцæ дæ цæштитæ,
Ма мæ кæнæ тæрсун,
Ба дин кæнон дæшнитæ
Нуртæккæ фæрсун?

Йеу мин бамбæрзæ дæ реуи,
Ку режис йехæнæй!..
Æвæджи бабæй æвдеуи
Æдосæ уидтай дæ фунæй!..»

Уотæ дзурдта имæ æ мадæ
Сæумæ, ку бацудæй æ размæ
'Ма кæунмæ æ радæ
Искодта, кæсгæй ин æ базмæ.

— «Цæй, даччи, ма ко, байгъосæ,
Æз ба дин дзæгьон мæ фуд:
Ме 'вдеуи хай мин æдосæ
Æрхаста рæдуд, —

Æгæр игьустон мæ зæрдæмæ, —
Фæббадтæн иуазæги хæццæ йеумæ
'Ма æрбацудтæн фæстæмæ
Хуссунмæ сæумæ.

Чи кодтон, уобæл мæ ма фæрсæ,
Ходуйнагæй изол дæн.
Æвдеуæй дæр мин ма тæрсæ, —
Нур æ бари нæбал дæн;
Мабал дин æй уæд тæрсун, —
Исдæн æндæрæн йевгет...
Гъенур мæ бауадзæ хуссун,
Нæбал кæндзæнæн æз хед!»

— «Цæуон, хезуй мæ рагæй хан,
Бакæнон уомæн дæр зонун...
Мæ хор, бастæ бал хъан,
Жин кæд дин æй дзорун!..»

Æмбæлуй рауинун Батæражи, —
Хъанæй чи хезуй,
Некебал йес æвæджи æ ражи, —
Бацæун æнгъезуй.

Нечи ин æй Батæразæн,
Æ руни е' знæгтæ кæуæнтæ,
Бадуй æ къелæбæл къæразæн,
Хатгæй фæндурæн æ тæнтæ...

Цæй, бауолæфæн, игъосгутæ,
Нæбал йес нуртæккæ дзурддаг;
Желæнтæ мæсуги косгутæ,
Кæнгæй алке ши гьуддаг...

V
Сæумæ, аргъауаг рæвдзæ — æ дарæс,
Æ фæсонти — æ фæндур,
Уорс бæхбæл, æд сагъæс,
Мæсугæй рацудæй нæ мæгур.
—«Фæндараст, фæндараст!
Дæ нивæ финджи цæуæд;
Дæ фудгол — федар баст,
Де 'знаг дæ чийни кæуæд!

Цæугæ, арвбæл дæ фæдзæхсун,
Хездзæнæн дæ, кæсгæ къæразæй!
Бафæразæ мин фæдзæхсун
Мæ фæндæ æгасæй!..»

Нийнæфтæй æ реуидзаг нæ мæгур,
Æхе æ нивæбæл фæдзæхсгæй,
'Ма фæндаги зар æ хуарз хъур
Никкодта, мæсугмæ фæлгæсгæй.

—«Хуæрзæбон уо, мæ зæрддаг,
Ма уæд мæ над дæ сагъæши:
Болат æндон — мæ цæфхат,
Мæсуг ку дæн мæ дарæши!»

Уотæ дзурдтонцæ зæрддонæй
Кæрæджемæ æд æфсар,
Фæййеу уогæй фæндонæй
Мæ зайрæгтæ сæумæсар.

VI
Игъосгутæ, нур афонæ 'й
Бафæсмæрун кæнун сумах,
Сахи рæсугъд фæндонæй
Ке кæнуй æ фидæн шиахс!
Цардæй йеу бæшти
Æ цардæй мæгурæй,
Фæндурæй фуд дæшни,
Зæронд лæг саугурæй.

Ка ин адтæй æмгарæй,
Йетæ' й худтонцæ æ цардæй
Æнæ 'лдар лæг сæрбарæй
'Ма æнæ фече æ дардæй.

Хорискæсæнæй æ нифтуйæнмæ
Игъуст адтæй æ фæндур;
Æ райгурцæй ба æ ниссæйунмæ
Адтæй зарун æ фæндун.

Бæлдтæнцæ имæ хантæ,
Кадæ ин кодта æлдар.
Кæниуонцæ ин джантæ,
Фæххæсгæй ин лæвар.

Цæшти не 'фтудæй,
Нæ жиндтæй сæргубур,
Ходуйнаг ибæл не 'рцудæй;
Гъе, йе ба уин мæгур.

Æ цæшти суг æ росæй
Нæ цох кодта нечи бон,
Ку байзадæй ин æ уосæй
Хастгъæуагæ сувæллон.

Рамардæй нæ зæронд,
Фæцæй нин дæлæбæл,
Фал фæндури адгингонд
Нур дæр цæруй уæлæбæл...

Уодæн нивæ æ хæццæ игуруй,
Æндæр, рамæлгæй и зæронд,
Æ фурт хъал цæмæ ’взуруй
Ханти ханмæ æд амонд!

Кутемæй бахаудтæй, нæ зонун,
’Ма имæ чи сширдæй хиццагæн,
Фал æ дард, æ цард уин æз дзорун
Базонунмæ фиццагæн.

Хани фурти хæццæ – дууæ ’нгари,
Æ уосæ ин – дигиза,
Боц цардæй хъал хæдзари –
Гъæуама йирæза!..

Уæд хан æ уосæмæ йеу бон
Исдзурдта æ мæти:
– «Сæвæрæн ибæл йеу ном,
Æвдулуй цаддæн æ сæти!

Батæраз æй хонæн,
Искæнгæй æй бæдолæ;
Ду ба ин номæн
Бахуйæ хæдонæ...»

Цæбæлдæр æй кодтонцæ ахур
Алчидæр зудта;
Æ арæхст зари 6а ’ й æ хъур
Хастæг æ фидæмæ кодта.

Уотæ ирæзтæй, игъосгутæ,
Мæгур шедзæр курми фурт!
Адтæй æй рæвдаугæй носгутæ,
Уарзгæй ин æ игурд.

Ку рацудæй ибæл æ карæ,
Ку фæффедар æй е ’фсард.
’Ма ку сцæй лæгигъæдæй æвзарæ,
Уæд дзагъта ханæн йеу дзагъд:

«– Хан, рауадзæ мæ хæтунмæ,
Ма мæ фæддарæ курмæй;
Ма ’ркæлæд макæд дæ фунмæ
Суг мæ мæти хъурмæй!

Уæд мин бахуæрæ мæ кæндæ,
Уæд марг фестæд мин дæ хаст,
Ку дин уа дæ зæруи мæ фæндæ
Дæ зæрдæн рæхуаст!

Мæ сувæллонæй мæ нурмæ
Не ’руагътай мæбæл цау;
Истай мæ уарзонæй дæ хъурмæ,
Рæвдаугæ, фуртау.

Кадгин кæнуйнаг – де ’фшийнæ,
Нæ кодта мæ фуртæй игъауги, –
Æмбес иурста нин æ чийнæ,
Хаста æмбес нæ рæвдаугæ...

Хан, рауадзæ мæ хæтунмæ,
Ма мæ фæддарæ курмæй;
Ма ’ркалæ макæд дæ фунмæ
Суг мæ мæти хъурмæй!»

– «Æрцо мæмæ ардæмæ,
Никкæнæ мæ дæ хъури!
Хастæг цо кадæмæ,
Уо бæгъатæр будури!

Дуйней фæххæтæ дæ барæй,
Искæнæ æгади æзнаг,
Уо мин æнхæст æмгарæй, –
Кæнæ фæстæмæ дæ над!

Фæууо мин фæндараст,
Федар уо дæ нади,
Макæд ракæнæ ни гъаст,
Иронх ма кæнæ дæ мади!»

– «Хуæрзæбон, цæй, хуæрзæбон,
Хуæрзæбон уотæ уæ царди!
Уодзæнæн уæмæ зæрдæнгон
Æз, имисгæй мæ мади!»

Куд арфæ кодта æ мади хæццæ,
Уой нæ фæразун ниффинсун,
Фал сугидзагæй, сæццæ
Кастæй æ фæдбæл æнæ сум...

VII
Чи ’стуф цæуй æгас мæйæ
Хорискæсæни æдзохæй?
Цума æхсæвæ мети зæйæ
Йечи ’рдæги æ рохсæй?

Чи зартæ ’нцæ йетæ мæсуги?
Ку ’нцæ ше ’стуфи æрвдзæф,
Цума ’й кæнуй мин уæйуги
Стур жилдæй æрмдзæф?

Ке бæхтæ ’нцæ и хъал будури,
Минти нимæдзæй æхсæрдæс,
Ке хезуй чиргъ сæ æнсури
Пелиуантæ æхсæвгæс?..

Стуф уомæй цæуй мæйи дæргъи,
Игъосгутæ, хорискæсæни æдзохæй,
’Ма хан кæнуй нади сæргъи
Кувд Батæразæн æ къохæй!

Æнцæ хъал бæхтæ хъал будури
Хецон иуазгути йидардæй,
Ка ’рцудæй фæууинунмæ нæ мæгури
Ханмæ æ цард, æ дардæй.

Æ бæгæни донау уомæн ивулуй,
’Ма æрцудæй ибæл дзæбæх бон;
Кафгæ, заргæ уомæй идзулуй,
Цæугæ ке кæнуй æ уарзон.

Уадзгæ йин ку кæнуй æ бæшти,
Уæд ин куд ма кæна идзулд кувд!
Куд ин нæ дзæгъа фиди бæшти
Нади сæри дзæбæх дзурд?!

Цæмæннæ йин кæна уотæ кадæ
Æ цæуни нæ мæгурæн:
Æй шедзæр, æнæ фидæ, æнæ мадæ,
Нæ зонгæй æ йигурæн!..

VIII
Цæугæй æд æхсæвæ, æд бонæ
Хуæнхтæ, гъæдтæ, будурти,
Дзаумаутæй æрттивта æ ронæ,
Йехи зæйау къæбурти.

Æхцæуæн цагъта æ фæндур
Æ фæрсаг уæлбæхæй;
Нæ ’й фæразта, нæ, фæнзун
Бæрзонд хонх æ цъухæй.

Ку ’рфестæг æй цъæх зæлди,
Ивулгæй æ даргъ над,
Уæд ин Сахи рæсугъд æ зæрди
Бакодта мæсугæй æ дзагъд.

Гъеуæд бацудæй медæгмæ,
Уæд æрцудæй ибæл цау,
Æма рацудæй фуд лæгмæ,
Зæрдæй нæбал уогæй сау.

Цалдæн хорæн æфтудæнцæ æ тунтæ
Уалдæн фæндагæй дзæгъæл, –
Кæми надбæл, кæми фæсхумтæ
Цæуй Батæраз бæхбæл.

Чи ниццудæй, Хуцау дæшни,
Читæ фæууидта, ка зонуй,
Фал æрфестæгæй йеу бæшти
Хуймонмæ мæрдзæшти.

– «Байрайай дæ кустæй, хуймон,
Хъал фæззæги æнцонæй;
Уинæ æ сæргъи йин хъал бон
Ду, æфсæдгæй æ сойнæй!»

– «Фæндаграст уай, бæлццон!
Цæй, раздæхæ фусуни,
Искæнæ мин æнцон, –
Ниууадздзæнæн мæ хуми!»

– «Мæн йеу æвдеумæ, хуймон,
Гъæуй цæун рæхгидæр,
Фал бахездзæнæй мæ бон,
Бахездзæнæй мæ изæр».

– «Зонун æй æвдеуи, зонун;
Нур æ цард мæ къохи ’й,
Æнæхъаурæ дин æй хонун...
Рæхги æ уод æ цохи ’й.

Фал изол æй дæ цæуйнаг,–
Дзæгъун дин æнæ мæнгæ.
Фусуни раздæхæ, цæруйнаг,
Дзæгъдзæнæн дин æз йеу фæндæ».

Хуймон, куд æмбалдæй æгъдауæй, –
Батæрази хинста дзæбæх
’Ма ин æвдеуи кой аргъауæй
Кодта, гъудгæнгæй æ бæх.

Сæумæ ‘й æ надбæл æрветгæй,
Йеу кард ин рахаста
’Ма йин æй, æвдеуи æлгъетгæй,
Æ астæубæл исбаста.

– «Ачи кард райсæ, – дзагъта, –
Йе ’фсæйнаг дзæбæх æй;
Берæ лæгъузтæ фæммардта
Лæги къохæй уæлбæхæй.

Йеу цæф æй никкæндзæнæ,
Ма ’рхицæ кæнæ дуккагмæ;
Æ дзурдмæ ин ниррæмдзæнæ,
Нæ кæсгæй æ гъиггагмæ.

Æ фиццаг æртæхти ’й æ тог:
Искæндзæнæй æзмæлун,
Æ дуккаги ин æ уод
Никкæндзæнæй ниммæлун.

Ма фæррæдуйæ ниццæвунмæ,
Дарæ дæ зæрди мæ дзурд,
Кенæ ба ’й нæуæгæй цæрунмæ
Бауадздзæнæ уод!»

– «Ирайгæ рауо, – дзагъта,
Мæгур æ бæхбæл бадгæй;
Æ галеуæй æй ниццавта
’Ма цæргæсау фæттахтæй.

IX
Йеу сæумæ Батæрази
Хор ниттавта æ тунтæй,
Ку хизтæй æ бæх æ ражи
Бæрæг æфшес æ тæнтæй.

Уæд æ нивæрзæнæй æ къудур
Фелваста æвæрунмæ
’Ма рарæвдзæ ’й фæсбудур
Нæуæгæй цæунмæ.

Цæшти никъулди ушми,
Федауцæй æ бæхбæл,
Æфшес фунтæй æ хушти,
Рараст æй æ надбæл...

Фæжжиндтæй имæ хори разæй,
Æ йасæ, æ уиндæй æмбесонд,
Ирд æрттевгæ налмазæй,
Мæсуг, æ сæр – æмбесонд.

Бæзтæй уаджимисæн хуарз зари,
Дæнттæ, хуæнхтæмæ – æнгæрон,
Дессаг адтæй æ федари,
Истгæй, дууæ хонхи æ кæрон.

Йе ’нгæрон мæлгъитæ, гъæдбилтæ,
Кæмтти сауæдæнттæ сæ тагъди,
Æнгон нæ кæнгæй сæ билтæ,
Кодтонцæ йеумæ сæ цагъди...

Йечи мæсугмæ сæумæ-раги,
Алцæмæй йефтонг, нæ бæлццон
Цудæй будури йеу таги,
Æ зæрдæй æнцон.

Ба ’ймæ хъæрттæй,
Æруорæдта æ цори æ бæх
’Ма хъурми зар æ мæрдæй
Никкодта, игъосунмæ дзæбæх.

Рацудæй æ размæ йеу лæг,
Æ даргъ закъи тухстæй,
Кодта адæймагæн гъулæг
Æ дзоруни зустæй.

– «Чи нифс дæ æрхаста ардæмæ?
Дзæгъæ, кумæ цæуис, рæхгидæр?
Уой бæшти раздæхæ фæстæмæ,
Ма кæнæ ами дæ изæр!

Нæ дæ зонуй нæ хецау;
Тæрсæ йин æ фудæнхæй, –
Æруодзæнæй дæбæл йеу цау,
Ку нæ раздæхай æ зæнхæй!»

Дзæгъæ мæнæй дæ хецауæн
Арфæгондæй дзæбæх дзурд,
Дæн хантæн сæ рæвдауæн,
Кувдтæлти ба – сæ йидзулд.

Йешке хужи фæндурдзæгъдæг
Некæмæн æй тæссаг,
Кæндзæнæн ин хъæбæр цæрдæг
Æ цагъдæн фæрсаг.

Кæд æй фæндуй – баниуазæд
Мæ тог мин рæдæдзгæй,
Фал кæнун мæ уод æ иуазæг,
Мæхе ибæл фæдзæхсгæй...»

Ба ’й худтонцæ медæгмæ...
Адтæй дессаг алчи дæр...
Ку бахъæрттæй мæсугæн йе ’рдæгмæ,
Уæд бауидта йеу чидæр...

О арв, о дæлзæнхæ,
Чи бауидта и ’фснайди!
Фæууинунмæ фудæнхæ, –
Æвдеу бадтæй йе ’нцади:

Къупури – æ хъæстæ,
Æ цæсгом – сæмпæл;
Æ гурæ – дорфæрстæ,
Æ закъæ – хæмпæл...

Æ билтæ – æнцъулдтæ,
Сæ кæрон – къæтæр.
Æ тæрних – æмпулдтæ,
Æ къоппа – цæгæр;

Æ нихтæ – къæпетæ,
Æ къæхтæ – зулун,
Æскъудтæ – æ къелтæ,
Йе ’рфгутæ – лæгун;

Арви нæрун – æ дзурд,
Æ гъостæ – къæбет,
Æ йеу цæстæ – æнцъулд,
Æ иннæ – бæгъет;

Æ уолæвди – сун-сун,
Медæгмæ – æ реу;
Йеугурæй – фудфун...
Йе ба дин æвдеу!

X
– «О ханти хан, хори ’нсувæр,
О арв æма зæнхи фурт!
Читгин хуарз дæ изæр –
Игъуст дуйней дæ игурд!

Идард бæстæй фæндаггон,
Фæндурдзæгъдæг дæшниадæй,
Нур кæнуй дин дзæбæх ном,
Арфæгонд дзурди радæй!»

– «Æгас цæуай, ханти мæлгъæ,
Æгас цæуай æд фæндур!
Уо дæ зарти дуйней дæргъæ,
Ма ниссос уæд дæ цæгъдун!

Æз ачи изæр кувд кæнун
’Ма мин цæгъдæ ’ма зарæ,
Фæккæнунмæ фæккæун
Нур æз дæдтун дин барæ!»

Уотæ сæхе кæрæджебæл
Кодтонцæ æууæндун,
Фал æхебæл æнæ джебæл
Низзардта нæ мæгур:

– «О уæрæйдæ, мæ зайраг,
Арвон изæд зæнхæбæл!
Дæ дæ коргутæн хъазайраг
Сæ нифши æнæнгъæл!

Чи ’взаг исфæраздзæнæй исдзæгъун,
Чи фæндур исцæгъддзæнæй æ тæнтæй,
Дуйней адгинæн уæхæн фун,
Дæ хузæн ка ’рттева тæмæнтæй!

Деденæг, рæсугъд дæ æнжти,
Цæрис зæнхаг уодæн æвгъайуаг,
Денгиз иуордæг уæ бæшти,
О, Сахи рæсугъд, мæ зайраг!

Дæ дæ уиндæй хори тунау,
Дженети рохс – дæ бакаст;
Æй адгин, адгин фунау,
Æ нарæги дæ ронбаст.

Дæ сау джиккотæ сæ фашти
Æнцæ хуари хумæ хъал анзæй;
Дæ дууæ цæшти сæ кашти
Нæ ’нцæ игъауги налмазæй.

Дæ хъал реу æ рæсугъд, æ бæрзонди
Кæнуй зæронд, æвзонги инæфун,
Æмхузон æдзох истуй сæ зæрди,
Фæккæнгæй сæ æнæ фун!

Уотæ нæ ’й деденæг хъæлнæгъти
Уалдзæг будури æхцæуæн,
Сатæг уолæфт ба æнтæфти,
Куд æй дæ рæсугъд дæуæн!

Нæ баууæнддзæнæй мæйрохши арв
Йе ’хсæвæ дæ хæццæ æвзарун;
Аккагæй дин не ’скæндзæнæй аргъ
Зæнхаг уодæн æ зарун!

О, Сахи рæсугъд, адгин фун,
Ку дин баронцæ дæ уиндæ тæразæй,
Уæд нæййес сагъæсæн æфсæдун,
Цох нæ кæнгæй дæ разæй!

Ку æй зæнхи сæри жин ерæн
Дæ уинди хæццæ дæ хуарз уаг,
Уæд дин нез цæмæ ’дтуй дæ кемæн
Сугидзагæй дæ хъал уат?

Игъосæн: авд денгижей иордæг цæруй
Сау гъæди, мæрдзæшти;
Æ дзурд арви гъæрау цæуй
Йеу æвдеуæн æ бæшти.

Уомæн дæмæ æ тæфæй
Дæндаг хъæртуй, æдæуагæ,
Уомæй калис æртæхæй
Цæшти суг æгъæуагæ!

Дæ коргути дин маруй æ лазæй,
Нæ дæтгæй дин ниви над, –
Зонæнгин æй ’ма фæразуй
Уодæн нæ радтун адгин цард!..

Нур нæбал æркæрддзæнæй будури
Рæсугъд деденæг æ цæвæг,
Бакæнунмæ ’й æ губуни
Адгийнагæн и хæрæг!..

Чи ’взаг исфæраздзæнæй исдзæгъун,
Чи фæндур исцæгъддзæнæй æ тæнтæй,
Жинджийнадæн уæхæн рун,
Тъæпп æй ка фæккæна æ тæнтæй!..»

– «Сос уо, хæрæги къæлæу,
Йеу нигъгъос уæд дæ зарун!
Ма уæд дæ зари мæ бæлæу, –
Мæ зæрдæ мæхебæл нæ дарун!

Зонæ: æй дуйней мæ бæрагæ,
Кæнун жиндонæ инæфун;
Дженети бадун æнæ радæ,
Уæларвмæ дæр истæхун!

Нечи мин æй денгиз æ бæрчи,
Хонхæн ба æ – бæрзæвдæ, –
Нæ бадун æз сæ фæрчи
Медхæдзарæ тæнзæрдæ!..

Бавдесдзæнæн дин рæбунæй
Цард дæ зартæн æнхæрсаг;
Зарæ’й, кæнгæй ин фæндурæй
Æ хатæни ду фæрсаг!»

Уотæ ку дзагъта æ мæстгуни,
Нийвайгæй æ хужи æвдеу,
Уæд игъосгутæй, фæскъуми,
Чидæр багизта сæ йеу...

XI
Дуйней, дессаг дæ дæ фæлдишти!
Фегон æй хæдзарæн æ фарс
’Ма, фæууйнагæн æлгъишти,
Æрбацудæй æ дзурдмæ цъæх арс.

Цудæнцæ æ фæштей, рохсгæнгæ изæр,
Дууæ дæшемæй чирагъдар
Кизгуттæ, йеу иннемæй – рæсугъддæр,
Сæ дарæши æнæ ’фсар.

Ше ’хсæн, кæрæджей æнæ гъуди,
Бижирт сæ шес, сæ гъунæй,
И ширд, и маргъ кади цуди
Кафтонцæ ивулгæ даргъ тунæй.

Хуæстæнцæ шимди æмвæрстæй
Карк æма и бабуз;
Хъæбæр æхебæл æрвæнстæй
Æнгулдзæхи и гогуз.

Уездон кафта сандæрахъ
Хуæрзрæуæг æ хъæлзæнги,
Хъурройи хæццæ сау дудахъ,
Рæвдаугæй æ хъал зæрди.

Буркудзау ’ма къæшибадæг
Цæмæн н’ адтæнцæ нæртон, –
Ку тастæй уездон сæ нарæг,
Кафгæй йеумæ кæсгон!

Саг æма дзæбодур,
Гъолон тускъа ’ма домбай,
Илгъаг – сæ нæгæ, сæ ходун,
Кодтонцæ йеумæ цоппай.

Кафтонцæ хæфшитæ,
Сæгътæ æд шиутæ, гулутæ,
Миштитæ, гъочитæ, æршитæ
’Ма кæфæнтти урутæ;

Кафтонцæ бадæнтæ,
Кафтонцæ фингитæ,
Кафтонцæ уасæнтæ,
Кафтонцæ жингитæ,

Кафтонцæ уесæнттæ,
Кафтонцæ тæбæгътæ,
Кафтонцæ четæнттæ,
Кафтонцæ бæлæгътæ...

Ше ’нккæтей фæштей авдемæй,
Не ’ндеугæй ше ’фсæрмæй искæсун,
Æрбацудæй, лæвар йедемæй,
Кизгуттæ – уиндæй кæдзос фун.

Ресун кодта уоди цæстæ
Æ рохс уорши сæ бæгънæг:
Мадиард йигон – сæ фæрстæ,
Адтæнцæ æнæ ’гънæг.

– «Кæсæ анæмæ, бæлццон,
Фæсмæрæ сæ хужи мæ хъал!
Атæ мин æнцæ æнцон,
Атæ мин æнцæ æмбал.

Сæ агор фæххаттæн дæлзæнхæ,
Фæххаттæн уæларв;
Искодтон беретæн фудæнхæ,
Анæн ба – сæ аргъ.

Цард ши жиннуй æхуæдæг,
Тасуй сæ хузæмæ фун;
Æнцæ адгинмæ сувæдæг,
Лæхъуæнæн ба – рун.

Зонун ма шин æмбалæн
Хорискæсæни йеу уод;
Æ кой – уаджимис дæ зарæн,
Дæ сæрæн ба – æ сонт.

Ку сæнхæст уа мæйæн æ цалх,
Тар арви ивадæй, –
Æвæрдзæнæн думгæбæл саргъ,
Хæссунмæ уой дæр æ радæй!»

– «Цæй, байгъосæ мæнмæ дæр,
Исдзурдта йимæ нæ лæхъуæн, –
Чи дин не ’нхæст кæнуй дæ изæр,
Нæ зонис, нæ, ду уæхæн.
Рæсугъд шилгоймагæн дæ фæрчи
Æнцойнæ нæбал æй æ цард, –
Кæнис æй дæхецæн иуæрчи,
Кæнгæй æ уалдзæг ин марг.

Авд тæрегъæди уæд дæ фагæ,
Æстæймагмæ ма кæнæ хицæ...
Жингæй дин дæтдзæнæй дæ кадæ
Алли бон жиндони кунцæ.

Æз – де’ уазæг, дæ барæ,
Къæлæуæй æфхуæрис мæ уотид;
Нæ тæрегъæдæй лæдарæ, –
Хуæрис адæмæн сæ фид!»

Уæд нийвадæй æвдеу...
Бæгъет кастæй æ цæстæ...
Æвæлхæн ниддумстæй æ реу,
Ниддумстæй æ хъæстæ...

Балæбурдтонцæ кæрæджемæ
Фуд уод ’ма и мæгур,
Æвдеу æй æлваста æхемæ,
Ниххуæцгæй æ уæлхъур...

Гъеуæд ферттивта йеу хатт,
Уорс-уоршид æвжестæй,
Батæрази къохи æ кард,
Æвдеуи сæрмæ æвжедгæй;

Уайтагъд фæццудæй æ чъинк,
Йе ’ндæргъæ æнгонæй,
Æрхаудтæй æвдеуæй йеу тъинк,
’Ма рацох æй æ бонæй.


1904


This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.