Сидзæргæс (Хетæгкаты)

Сидзæргæс  (1899) 
by Хетæгкаты Къоста
Фыст датæ: 1899, Рауагъ аз: 1899. Равзæрæн: Хетæгкаты Къоста. Ирон фæндыр : зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2012.


СИДЗÆРГÆС


Халон баргъæвст сындзыл.
Уад тымыгъ хæссы...
Сау айнæджы рындзыл
Нарыхъæу хуыссы...

Даргъ æхсæв фыдбонæй
Цардудæн хуыздæр...
Рухс цæуы кæронæй, –
Бадынц ма кæмдæр...

Иу зæронд ыскъæты, –
'Гас хъæуы уæлдай,
Аззади фæсфæды
Ацы бæстыхай, –

Ма дис кæ йæ бадтыл! –
Цуайнаджы уæлхъус
Архайы йæ артыл
Иу саударæг ус.

Артдзæсты кæрæтты,
Фæныкмæ æнгом
Бадынц сывæллæттæ, –
Чи бæгънæг, чи гом...

Уазал æмæ стонгæй
Бирæгъ дæр тæрсы, –
Удхæссæг æввонгæй
Ахæмты хæссы...

– Ма кæут, мæ хуртæ, –
Дзуры цæм сæ мад, –
Афыцой хъæдуртæ...
Абадут æнцад!..

Митæйдзаг æхсæлы
Мары фæздæгæй...
Цæстысыг ызгъæлы
Агмæ сусæгæй...

Хъуырмæ схæддзæ хъарæг:
“Дудгæ фæбада
Зæйы бын нæ дарæг,
Мах чи фæсайдта!..

Фондзæй уæ ныууагъта
Иу ныййарæгæн, –
Мады зæрдæ скъахта, –
Царæфтыд фæдæн!..

Зондæй мыл фæтых дæ,
О, мæ лæджы хай, –
Сидзæртæй фæлыгътæ
Ингæнмæ тæргай!..

Буц хъæбул дæм дзуры, –
Сфæлмæцыд йæ мад, –
Махæн дæр дæ цуры
Сцæттæ кæ бынат!”

Цæстысыг ызгъæлы
Агмæ сусæгæй...
Митæйдзаг æхсæлы
Мары фæздæгæй...

Бафæллад кæуынæй
Бинонты кæстæр, –
Къонайыл æрфынæй
Адæмы хуыздæр!

Иууылдæр дæ адыл
Тулдзысты, фæлæу! –
Стонг æмæ фæлладыл
Тых хуыссæг кæм нæу!..

– О. гытци кæд уыдзæн?
Райс–ма, цæй, дæ аг!..
– Абадут!.. Фæуыдзæн
Алкæй дæр йæ фаг...

Аг кæлы йæ былтæй, –
“Хъæдуртæ” фыцынц...
Алы ран тымбылтæй
Сидзæртæ хуыссынц...

Стонг æмæ кæуынæй
Лæг куы сфæлмæцы,
Тарф у уæд йæ фынæй, –
Маст æм нал хъуысы.

Лыстæнмæ цæ хаста
Мад йæ хъæбулты,
Æдæрсгæ цæ нуæрста
Алы бызгъуырты...

Скодта цæ рæбынæй,
Дæлфæдтæм æрбадт...
Гъай–да–гъа! Кæуынæй
Нал æфсæст сæ мад!..

Сидзæртæн хъæдуртæ
Се 'хсæвæр хуыдта,
Афтæмæй цын дуртæ
Цуайнаджы фыхта:

Афыцын æфсоны
Байрох уа сæ хæрд...
Стонг æмгъуыд нæ зоны,
Иу сайд ын æгъгъæд!..



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse