Сырдтæ (Гæдиаты)

Сырдтæ (1914)
by Гæдиаты Секъа
289512Сырдтæ1914Гæдиаты Секъа


СЫРДТÆ


Хæхтæ, быдыртæ куы змæлой, —
Сау хъæд фæздæгæй нæ зындзæн.
Сырдтæ домбæйтты куы нæмой,—
Туг, цæтджинагау, æнхъиздзæн.

Хур уæд не 'мбæхсдзæн йæ тынтæ,
Бонвæрнон хъуызгæ нæ цæудзæн,
Сырдтæ зардзысты сæ фынтæ, —
Хъырнæг æмбал сæ нæ хъæудзæн,

Цуанон йæ топп нывæрдзæн,
Сырдтæ уыдзысты сæрибар!
Ыстонг кæрдзыныл нæ кæудзæн,
Ничиуал хондзæн йæхи 'лдар!




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.