Тæлæтгæнгутæн (Багъæраты)

Тæлæтгæнгутæн (1926)
by Багъæраты Созыр
290637Тæлæтгæнгутæн1926Багъæраты Созыр


ТÆЛÆТГÆНГУТÆН


Зæнхиуарæг уин адтæн...
Мизд агорæг уи н'адтæн.
Æнвæрстайтæ мæ кустбæл.
Исистайтæ мæ ухстбæл.

Уæ уорс бицъо фæззиндтæй —
нæбал гъудтæн уæд уе'хсæн.
Нæуæг дуйне æрзилдæй,
хуæрзгæнæгæн зæрдресæн.

Ку бахастайтæ уæ гъаст,
ку рахъал айтæ фунтæй,
мæ хæдзæрттæй уæхæн маст
исистайтæ сæ бунтæй.

Фал уой фæсте уин уæддæр
ку фæттахтæй уæ уорс сæр,
уæд иссайтæ нæхецон,
цæстфæлхатæг, фæдесон.

Уæ рагон маст нæ тайуй,
мæ хъалон уин æрхи тас.
æрдæгмардмæ нæбал уй
Лæги хъаурæ, лæги тас.


1926 анзи декабри 24 бон


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1928, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 95 years or less (if applicable), or the copyright term is 97 years or less since publication (if applicable).