Терк (Гæдиаты)

Терк (1910)
by Гæдиаты Секъа
289716Терк1910Гæдиаты Секъа


ТЕРК


Арвыком — гæмæгътæ,
Æрæг ком, уынгæг.
Æрхытæ-къæдзæхтæ —
Йæ дымгæ — бæрæг.

'Терчы дон пырхкалгæ,
Кæдæмдæр лæбуры.
Фæйлауæн, фæйлаугæ,
Фæйлауæны суры.

Дур дурыл æппары,
Бæрæгдæр — йæ фæд.
Къæдзæхтыл фæкалы
Урс-урсид йæ сæт.

Нарæгæй фæдæлæ,
Банцади йæ хъæр.
Цæф сырдау, уæлæмæ
Нал исы йæ сæр.

Æнцадæй фенкъуысы
Ирыстон-фæзæй,
Цæугæ ныр, денджызы
Æнусмæ ныссæй.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.