Теуа æмæ хæрæг (Гæдиаты)

Теуа æмæ хæрæг (1912)
by Гæдиаты Секъа
289835Теуа æмæ хæрæг1912Гæдиаты Секъа


ТЕУА ÆМÆ ХÆРÆГ


Теуа загъта хæрæгæн:
«Хиз, мч хъæр кæн, æнцад лæу!:
Куы нæ базона хуымгæс,
Уæд нæ хъуыддаг дзаебæх нæу».

Хæрæг уæддæр йæ хъæрæй
Нæ банцади, зарыди.
Хуымты мидæг алæрдæм
Цæхгæрмæты кафыди.

Уалынмæ йын хуымгæстæ
Йæ фаерсджытæ ныннадтой.
Теуа фæлыгъд кæдæмдæр, —
Хæрæджы уым ныммардтой.

 * * *
Исчи дын зонд куы амона,
Уæд æм байхъус æнцадæй.
Кæннæуæд дæ, хæрæгау,
Ныммардзысты фырнадæй.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.