Уайсадæг чындз (Тогуызты)

Уайсадæг чындз (1926)
by Тогуызты Газакк
290986Уайсадæг чындз1926Тогуызты Газакк
УАЙСАДæГ ЧЫНДЗ

Цыбыр худæджы ныв

Ирон хæдзар. Кæрт. Чындз къæсæр мæрзы. Уазæг лæдзæгимæ, ас лæг, даргъзачъе, кæрты дардæй.

У а з æ г. Цы фестут, мæ хорз хæстæджытæ? Лæдзæгджын уазæг — æвæлхас уазæг. Ма дзы бамбæхсут! Уæ бонтæ хорз! (Хæстæг æрбацыди.)

Чындз æнцад æрлæууыд, йе 'ргом — уазæгмæ,
цæфсæрмы.

Уæ хæдзары хицау кæм ис?

Чындз зына-нæзына, æфсæрмыгæнгæ базмæлыди.

(Адæмырдæм, йæ лæдзæгыл æрæнцой кодта.)
Бæгуы раны куы фæдæн: размæ цæуон æмæ — замана, фæстæмæ здæхон æмæ — худинаг! Уæуу, мæнæ алæмæты диссаг! Цы нæ бавзардзæни лæг æнæнхъæлæджы! Уайсадæг сылгоймагæй мæ фыны дæр тæрсгæ кодтон. Ныр цы бачындæуа? æгомыг адæймагимæ чердæм ныхас кæнон?

Кæрты фæзынди 15-аздзыд лæппу.


Фæлæуу-ма, лæппу! Кæй лæппу дæ?
Лæппу (хæстæг æрбацыди). æмæ-гъа! Нана мæ йæ лæппу хоны, фæлæ бабайæ ницы хъусын...
Уазæг (бахудти). Нана æмæ баба сæхи фæндиаг уæнт, фæлæ уæ мыггаг куыд у, уымæй дæ фæрсын.
Л æ п п у. Уый дæр нырма зын зæгъæн у, таугæ йæ афойнадыл бакодтам бæргæ, уымæл заман, фæлæ уарынтæ нæй æмæ куыд æрзайдзæн, уый чи зоны.
У а з æ г (адæмырдæм). Ай дæр та дын ног замана! Цæй, уый дæр афтæ фæуæд, лæппу, фæлæ нын тæлмац фæлæуу, дæ хорзæхæй!
Л æ п п у. Табуафси. Фæлæ кæцонау дзурынмæ хъавут? Хатиаг æвзаг тынг хорз зонын æз.
Уазæг (худы). Уæ, хæйрæг дæ бахæра, цæй къæйных лæппу разындтæ! А хæдзары хицау ам ис æви нæй?
Ч ы н д з (лæппуйырдæм азылд, уайсадæгау, æргом фæсусæй). Ам не сты, зæгъгæ, йын зæгъ.
Л æ п п у. Ам, дам, арæх вæййы, фæлæ, дам, ацы сахат ам ис, кæм ис, уый зын равзарæн у.
У а з æ г. Уый та куыд? Хæдзары ис æви цæугæ искуыдæм акодта?
Чындз. Кæдæмдæр, зæгъ, ацыдысты.
Л æ п п у. Нæхимæ, зæгъы, нæй, фæлæ, дам, хæдзары ис, уаты ис, уымæн бæлвырд ницы зонын.

Чындз батыхст.


У а з æ г. æндæр хъæумæ ацыд æви ам хъæуы мидæг искуы ис?
Ч ы н д з. Дæлæсыхмæ, зæгъ, цæуинаг уыдысты.
Л æ п п у. Уæлæсыхмæ, дам, ацыди, фæлæ, дам, ацы сахат, чи зоны, фалæсыхы дæр уа.

Чындз тыхсы фырæфсæрмæй.


Уазæг. Уæдæ фæстæмæ хъуамæ тагъд æрбаздæха?
Чындз. Цæугæ, зæгъ, раджы акодта. Кæд, зæгь, никуы бафæстиат уа, уæд æй, зæгъ, рæхджы ардæм хъæуы.
Л æ п п у. Цæугæ, дам, раджы нæ акодта, фæлæ, дам, ныртæккæ куы никуыцæй фæзына, уæддæр, дам, æй искуы ардæм хъæуы.

Чындз тыхсы.


У а з æ г. Тынг æхсызгон мæ фæндыд йæ фенын.
Ч ы н д з. Мидæмæ уал, зæгъ, рацу æмæ сæм, зæгъ, иучысыл банхъæлмæ кæс.
Л æ п п у (ныуулæфыди, чындзмæ бакасти æнкъардæй). Рацу-бацу уал, дам, акæн, уый дæр, дам, уалынмæ исчердыгæй зындзæни.

Чындз тынг цæфсæрмы, афтæ нæ загьта, уый йе змæлдæй æмбарын кæны.


У а з æ г (фæмæстыгомау). Лæппу, уайсадæг чындзы цæмæн æфсæрмы кæныс? Хъазын хорз у, фæлæ алцæмæй дæр бæрц зонын хъæуы. Дæ салам бирæ уæд, чындз! æнхъæлмæ кæсынæй — ницы, фæлтау та уæ фæстæдæр абæрæг кæндзынæн.
Ч ы н д з. Хынджылæг ма кæн, дæ хорзæхæй. Мидæмæ рацу йын зæгъ.
Лæппу. Дæ цыды сæр цæуыл уыд, уый, дам, мын зæгъ, кæннод, дам, ахсæв мæ лæгæн цы радзурдзынæн.

Чындз йæ къух лæппуйы былтыл авæрдта.


У а з æ г. æй-гъи, лæппу, де 'взаджы фæрцы дыл кæддæр сау бон кæндзæни, фæлæ-иу нæ фехъуыстон ма зæгъ!.. (Чындзмæ.) æниу мæнг нæ зæгъы. Мæ цыды сæр цæуыл уыд? Уæ саргъы бæх уæй кæнут, зæгъгæ, фехъуыстон æмæ йæ уæд æз балхæнин.
Ч ы н д з. Бæх уæййаг у, зæгъгæ, йын зæгъ.
Л æ п п у. æлхæнæг, дам, æй ис, фæлæ, дам, æй уæйгæнæг нæй.

Чындз æм фæзылди.


Лæджы, дам, бафæрсын хъæуы.
У а з æ г. Хорз, хорз, лæджы дæр бафæрсдзыстæм, фæлæ уæддæр бæх уæййаг у æви нæу?
Ч ы н д з. Худинаг у, мæ удыгага, хынджылæг ма кæн. Уæййаг у йын зæгъ.
Лæппу. Уайаг у, сираг у, уымæн, дам, бæлвырд ницы зонын, фæлæ, дам, сæпп-сæпп æвзæр нæ кæны.

Чындз йæ сæр змæлын кæны, æвдисы: «Афтæ нæ загьтон».


У а з æ г. æллæх, æллæх, лæппу, цæй налат æмæ цæй къулбадæг дæ! Цæй, дæ бон дæхи фæндиаг уæд, чындз! (Цæуынмæ хъавы.)
Ч ы н д з. Мидæмæ, зæгъ, рацу æмæ, зæгь, иу арахъхъ баназ.
Л æ п п у. Нозты мыггагæй, дам, нæм ницы ис æмæ, дам, нæм мидæмæ рацу.
У а з æ г. Хъæздыг фысым ут æмæ дæ салам бирæ уæд, чындз! Тынг мæ не 'вдæлы. Хæрзбон у! (Ацыди.)
Л æ п п у. Нæ зонын æз тæлмац кæнын, стæй кæм! æццæй нæ, Сæлимæт?
Ч ы н д з. Дæ сау туг фæкал, дæ бур рондз фæкал, дæ мад дæ мæрдæй баззайæд! Дæдæй, м' арт бауазал и! æ-гъгъа! Цæсгом армыдзаг йедтæмæ ма у? (Йæ цæсгом йæ дыууæ къухæй амбæрзта.) Ту! Ме'нæуынон фæу!

Лæппу худы æмæ йæ алыварс кафы.


Æмбæрзæн


1911 азæй 1926 азы 'хсæн

Public domain
This work is in the public domain in the United States because it was first published outside the United States prior to January 1, 1929. Other jurisdictions have other rules. Also note that this work may not be in the public domain in the 9th Circuit if it was published after July 1, 1909, unless the author is known to have died in 1953 or earlier (more than 70 years ago).[1]

This work might not be in the public domain outside the United States and should not be transferred to a Wikisource language subdomain (or as a file it should not be migrated to the Wikimedia Commons) that excludes pre-1929 works copyrighted at home.


Данная работа, впервые изданная до 1929 года, находится в общественном достоянии по законодательству США, и может быть опубликована здесь, в мультиязычной Викитеке. Но эта работа не может быть опубликована в национальной Викитеке, которая должна подчиняться законодательству России, т. к. работы этого автора (за исключением изданных до 7 ноября 1917 года) пока не вышли в общественное достояние в России. Этот автор умер в 1938 году и был посмертно реабилитирован в 1955 году, соответственно эта работа выйдет в России в общественное достояние в 2026 году.

The author died in 1938, so this work is also in the public domain in countries and areas (outside Russia) where the copyright term is the author's life plus 80 years or less.

PD-US-1923-abroad Public domain in the United States but not in its source countries //wikisource.org/wiki/%D0%A3%D0%B0%D0%B9%D1%81%D0%B0%D0%B4%C3%A6%D0%B3_%D1%87%D1%8B%D0%BD%D0%B4%D0%B7_(%D0%A2%D0%BE%D0%B3%D1%83%D1%8B%D0%B7%D1%82%D1%8B)