Мæ зæрдæйы дидинæг,
Мæ цард æмæ мæ дарæг!
Æрвитын дæм фидиуæг,
Фæдзурдзæн дын мæ зарæг.
Алæбон дæр дæу мысын,
Сауцæст æмæ сауæрфыг,
Æхсæв адæн нæ хуыссын, —
Бакал мыл-иу сау æлыг!
Урс дæллагхъуыр, фæлмæн риу,
Нарæг астæу, гуырвидауц,
Æвзагæй дæ зараг цъиу,
Хъазты чырæн – сæ фидауц.
Къутæр беццыкк, сау дзыкку,
Сырх уадулæй сæрмадзаст,
Дæу хъахъхъæны сахъ лæппу,
Дæу тыххæй у дзæгъæлгаст.
Ды куы зонис мæ зæрдæ, —
Сахъ лæппуйæн йæ хъару,
Уæд нæ зæгъис: «æвзæр дæ»,
Ацы дуне – мæ бар у...
Мæ цард æмæ мæ уарзон!
Хуры чызг дæр дæ цуры,
Æнхъæл дæн, у фауинаг,
Мæйы лæппу дæу куры,
Дæу бавæййы давинаг.
Æхсæв фыны дæ цуры,
Сауцæст, демæ фæхъазын,
Бон нал фенын мæ хуры,
Дæу мысгæйæ, дзыназын.