Фæранк, лæг æмæ гæды (Гæдиаты)

Фæранк, лæг æмæ гæды  (1905) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1905, Рауагъ аз: 1905. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ФÆРАНК, ЛÆГ ÆМÆ ГÆДЫ


Лæг сау хъæды бæлас фаста,
Йæ дзæккор уæлæуæз хаста.

Фæранк æмæ гæды дардæй
Лæгмæ кастысты æнкъардæй.

Фæранк фарста уæд гæдыйы:
— Уый цы фады, цы рæдийы!

Уæд гæды фæранкæн загъта; —
Йæхи дын, мардау, æруагъта:

— Гъе, уый — лаег, зæххыл — дзыхджын,
Хæсты боны -— фæндæй тыхджын...

— Цон, фенон æй, — фæранк загъта,
Гæдыйы та уым ныууагъта.

— Цæй, хæцæм, лæг, æз æмæ ды:
Дæу сыстыдта нæртон гæды...

— Ныр куыд хæцæм? — Лæг ын загъта,
Йæ гæрзты 'фсон æм æрхаста:

— Мæ гæрзтæ дын мемæ не сты,
Мæрдырох мæ хъæуы фесты.

— Ацу, 'рхæсс сæ! — Фæранк загъта,
Йæхи 'нцадæй зæхмæ 'руагъта.

Лæг ын загъта: — Фæлидздзынæ,
Хъæды сырдты та уидздзынæ.

Фæранк загъта: —Æз нæ лидзын,
Хæсты боны дæр нæ ризын.

Лæг ын загъта: — Дæ дзæмбытæ
Хъæды фасты сæ рæбынтæм
Ныссадз, уæд дыл баууæнддзынæн.

Фæранк æркаст йæ дзæмбытæм, —
Ныссагъта сæ йæ рæбынтæм.

Лæг рахоста фастæй цурчы,
Рацахста йæ, цыма зулчъы.

Фæранк баззади ауыгъдæй
Бæласы фасты алгъывдæй.

Лæг дæр ацыд йæ гæрзтæм, —
Дард æй нæ хъуыд йæ бæстæм.

йæ фарсмæ ракодта иу мих, —
Уæд фæранчы сæр фæдих.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse