Федоги мæлæт (Малиты)

Федоги мæлæт (1935)
by Малиты Геуæрги
291151Федоги мæлæт1935Малиты Геуæрги
ФЕДОГИ МÆЛÆТ

Гъæууон къæнцæлармæ бацудæй бæрзонд, ставд кæндтитæ лæг. Зæронд цæрмин пихцилтæ ходæ, зæронд æмпъузтитæ цохъа гæрзин ронæй бает, фæсбунфий худихалд дзабуртæ,— адтæнцæ æ дарæс. Йе адтæй гъæууон федог Дадо. Цудæй Дадобæл, æвæдзи, æртинсæй анзи фулдæр, уотæ зæгъун æнгъизтæй, уой æнхъирттæ цæсгон æма уорсалист закъæмæ кæсгæй.
Къæнцæлари стъоли сæргъи бадтæццæ йефтонг лæхъуæн-лæг, гъæуихецау, æма æд кæсæнцæститæ каргин уруссаг писир.
— Уæ райсом хуарз,— исдзурдта сæмæ Да­до.
— Арфæгонд уо,— загътонцæ йин йетæ дæр.
Йеу усмæ, уæдта гъæуихецау курæти дзиппæй уорс къохмæрзæн исиста æма 'й æ цæсгонбæл радаудта.
—Гъи, Дадо,— загъта йе æрæгиау,— гъигæ дин уодзæнæй, æвæдзи, фал дæ цохвæндæ скодтап.
—Куд цохвæндæ? — къех фæрсæ ракодта Дадо.
—Æндæр федог ихуæрсæн,— загъта гъæуи­хецау.— Ду æрзæронд дæ, дæ хъур сфæлмаст æй, æма федогæп пæбал бæззис.
—Æгуппæг цума фæцæй, уотæ йеу усмæ Дадо дзорунгъон нæбал адтæй, æ бауæр диз-диз кодта; æ хузæ нийвадæй, хеди тæф рагъардта йе 'нхъирттæ тæрнихæй.
Дæс æма инсæй. анзей бæрцæ йе федогæй фæххаттæй гъæргæнгæ устур дзилли гъæунгти. Дадо, цид, ку рацæуидæ гъæр кæнунмæ, уæд гъæунгтæ адæмæй байдзаг уиуонцæ, нихæси зæрæндтæ сæ дзубанди ниууадзиуонцæ, силгоймæгтæ къæрæзгитæй, каути цъæстæй нийгъосиуонцæ; биццеутæ уадæнцæ, цид, æ размæ. Уотемæй гъæуигæй гъæунгæмæ, гъæуи йеу кæронæй иннемæ, гъæргæнгæ хаттæй зæронд федог Дадо.
Анз дууæ-æртæ хатти бегарай уæрдун æма къæбиси хæццæ дзиллæбæл æрзелидæ æ мизд йесунмæ.
Лæвардтонцæ йин — ка æхца, ка мæыæуæ, ка нартихуар, ка æндæр йести. Уотемæй, хуæздæр цардмæ æнæбæлгæй, хаста зæронд Дадо æхе æма ге зæропд хæфцæстæ уоси,— зæнæг им нæ адтæй. Ци ма кæна? Куд ма дара æхе, косæн дзаумау имæ ку неци йес?
—Ци дин кодтон? Цæмæн мæ исафис? — кæунгъæлæсæй батхалдта йс гъæуихецаумæ.
—Неци мин кодтай,—загъта гъæуихецау,— фал дин ку зæгъун, базæронд дæ æма федогæн нæбал бæззис.
Дадо куддæр гъæла кæсæ никкодта, гъавта ма цидæртæ зæгъунмæ, фал уоди унгæгдзийнадæ хъурмæ схъæрттæй æма 'й дзорун нæбал уагъта.
—Æндæмæ цо, ма нæ хъор кæнæ,— загъта йин еу усми фæсте гъæуихецау.
—Дадо бадонзонуг æй, æ бæрзæй ин цума устур гъелæй ниццавдæй, уотæ имæ фæккастæй, æма гупгæнгæ рахаудтæй уæлгоммæ.
—Гъсй, йесгетæ рацæуæнтæ медæмæ,—радзурдта къæразгæй гъæунгæмæ гъæуихе­цау,— мæнæ зæронд федог Дадо рамардæй.


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was first published outside the United States (and not published in the U.S. within 30 days), and it was first published before 1989 without complying with U.S. copyright formalities (renewal and/or copyright notice) and it was in the public domain in its home country on the URAA date (January 1, 1996 for most countries).
This work was in the public domain in Russia on the URAA date January 1, 1996, according to the Law 09.07.1993 No 5351-1 which was enacted on that date:

  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 50-year protection term was applied;
  • and the creator died before January 1, 1946 (more than 50 years ago from 1/1/1996), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1946 (more than 50 years ago from 1/1/1996).

The author died in 1942, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 81 years or less (if applicable), or the copyright term is 88 years or less since publication (if applicable).