Фыццаг лæг уыд сæрибар,
Зæххыл-иу куыста уæрæхæй.
Уый фæстæ нал уыд йæхи бар, —
Цæджындзыл баст у уæрдæхæй.
Хосгæрст ын уыд йæхи фаг,
Хуымæн дæргъауæдз æвзæрста.
Задæй бæгæны цæдæджинаг
Къуырийæн иу хатт æхсыста.
Хæбизджын минас нæ хуыдта, —
Бур физонæг, сау бæгæны.
Æлдар, цагъарад нæ зыдта —
Ныр лæг сдзурын нæ уæнды.
Фосæн нæ хъуыди хизæггаг, —
Уæгъдибарæй-иу фæхызтой.
Уастырджийæн-иу кусæрттаг
Алы бæрæгбон аергæвстой.
Ныр фос ыскуынæг, ысцыбыр,
Зæххыл нал арынц хъæмпытæ.
Къухтыл æвæрд ис æрмгуыдыр,
Къæхтæй ма кæнæм гæппытæ!