Фиййау (Гуырдзыбеты)

Фиййау (1902)
by Гуырдзыбеты Бласка
290351Фиййау1902Гуырдзыбеты Бласка


ФИЙЙАУ


Дæ хъалæн уай, фиййау, дæ тар изæри,
Хиццаг — дæ бони æрæгвæззæг...
Кæнис сæумæраги дæ зари сæри,
Дæ цард будури — бæрæг цæрдæг!

Фиййау! Мæнау мæнгæ хужи не 'мбуйи,
Мæнау, ушми мæти нæ мæлис:
Рæуæг и æнзтæ бæнттæбæл евгъуйи,
Царди хъалон цардæн нæ тæтис!

Хусгæй фудфуни адæ нæ лæдæри,
Нæ зонис дæ зæрдæй хъонччи марг, —
Исонмæ æнцон дæ кушти лæдæри...
Фиййау, хиццаг адгин æй дæ цард!




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.