Фус æма сæгъæ (Гуырдзыбеты)

Фус æма сæгъæ (1902)
by Гуырдзыбеты Бласка
290377Фус æма сæгъæ1902Гуырдзыбеты Бласка


ФУС ÆМА СÆГЪÆ


Хонхи фахсбæл Фус æма Сæгъæ,
Хезгæй, фæццох æнцæ сæ дзогæй.
—«Гъенур мин, фус, ицæгæй дзæгъæ,
Раст фонс дæ хонунцæ дæ уодæй:
Чи рæуагæ скæнæн нæ фиййауæн,
Нæ фæццохбæл нæ ку фæрса?
Фæсмард æнцæ нæ фæрстæ йе'гъдауæн, —
Гъæуама ' й нæ зæрдæ тæрса!»
—«Чи рæуагæ? Рæукъахæй тагæмæ,
Цæй, лæуерæн билæй рæхгидæр,
Уой фæштей 6а нæ дзогæмæ
Хæсджинан нæ изæр».
—«Цæй-уай, мадта, мæ рæуæстæг лимæн,
Нифс райсæ дæхемæ мæ разæй, —
Фиццаг радæ федауй дæуæн...
Лæуерæ, — федар дæ дæ фазæй!»
Фæсмонгондæй фиййауи тасæй,
Нæ нарддум фус и билæй
Ку ралæуирдта сæгъæн æ разæй,
Уæд æ думæгæн æ бунæй
«Игон» фæжжиндтæй рæбунæй.
—Йа-уæу-уæй-йе, — мæлгæй ходæгæй,
Нидздзурдта сæгъæ фусмæ:
Бæргæ мин дæ æнхæст думæгæй,
Фал дзурдтаг исдæ йеу усмæ!»
Уæд фус имæ æваст:
— «О, мæ мæнгард цæхæрдзаст,
Чи дессаг дæмæ фæккастæй мæ игон?
Дæ райгурцæй æнæ 'мбарзт
Ду ку хæтис дæ думæгæй æнæ 'нгон!»

Беретæ ни махæй дæр
Йешке аййепп уинагæ 'й,
Фал додоййаг нæхе сæр,
Ку уæн æнхæст рæуагæй.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.