Фыдыбæстæ (Гæдиаты)

Фыдыбæстæ  (1905) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1905, Рауагъ аз: 1905. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ФЫДЫБÆСТÆ


Бæрзондæй кæсынц дæлдæр-уæлдæртæ,
Къуыбаргай згъæлынц цъитийы фæзгъæртæ
Кæрæдзимæ кæсынц хуссар-цæгæттæ,
Фæйнæрдæм хæцынц хохы кæрæттæ...

Сау суадазттæ бæрзондæй ызгъорынц,
Енкъард къæдзæхты хъырныныл домынц.
Уылæнтæгæнгæ, сау денджызы мигъ,
Æрхыты нæргæ, сау хохыл æрдих.

Ныттар вæййынц сау хохы æрхытæ,
Уæд нал фæзынынц хохы цыргъытæ.
Дымгæйæн дзурынд фугæ бæлæстæ,
Сæр къулгæнгæйæ, сае хъасты ныхæстæ.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse