Хæрзбон (Гæдиаты)

Хæрзбон (1911)
by Гæдиаты Секъа
289726Хæрзбон1911Гæдиаты Секъа


ХÆРЗБОН


Фæрсыс: цы мæ ис ныхасаг?!
Радзурон дын мæ хабар:
Ныры онг уыдтæн дæ уæфсаг,
Ныр мæ мауал хон дæ цагъар.

Хæрзбон, фервæзтæн дæ хæстæй,
Ныр мæ мацæмæйуал дом.
Дардмæ фæлыгътæн дæ мæстæй,
Дæ цæст мæ нал уындзæн æргом.

Куы мæ-иу æргæвстай цыргъ кардæй,
Куы та дæ фæндыд мæ цæрын,
Фæлæ мæ зæрдæ æнкъардæй
Ысхъæлдзæг кодтай, — нæ зæгъын.

Чи зоны, искуы дæ фынты
Дæхи дæр фенай зæрондæй.
Уæд-иу æрымыс мæ зынты,
Дæхи ма сраст кæн æфсонтæй.

Чи зоны, исчи мæ хуызæн
Дæу дæр куы 'фхæра йæ сонтæй,
Уæд базондзынæ мæ тухæн, —
Æз кæй ба^зæрстон зæрондæй,

Бæргæ дын уыди хъуыдиаг, —
Зæронды 'фхæрын нæ хъуыди,
Йæ амондыл кодта æрдиаг,
Де 'нцой æнкъардæй лæууыди.

Хæрзбон, фервæзтæн дæ мастæй,
Ныр мæ мацæмæйуал дом.
Мæ зæрдæ ныссау дæ кастæй,
Уæддæр ма дын зæгъын — «хæрзбон»




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.