Хæфсыты къарол Хъазар (Гæдиаты)

Хæфсыты къарол Хъазар (1910)
by Гæдиаты Секъа
289714Хæфсыты къарол Хъазар1910Гæдиаты Секъа


ХÆФСЫТЫ КЪАРОЛ ХЪАЗАР


Æрæмбырд кодта хæфсыты Хъазар:
— Ыскæнæм, — загъта, — нæхицæн хæдзар.
— Хо-о-рз! — Загътой хæфсытæ,
Ысуасыдысты æмхуызон.

— Йæ бын ын ыскæнут пылыстæг,
Сæууон ыстъалы — йæ цар.
Æргъæу ын састæрут йæ къултæ,
Мæнмæ йын радтут йæ бар...

— Хо-о-рз! Загътой хæфсытæ,
Ысуасыдысты та æмхуызон.
Омæ нæ уæд та цы сайдтай, —

Нæ хæхтæ, нæ бæстæ — лæбырд, —
Сæрибардзинад нын куы загътаи, -
Цæмæн фæсайдтай дæ дзырд?




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.