Халон æмæ хæрæг
Æрбадтысты къуыбырыл.
Халон загъта: — Нæхæдæг
Цæй бавзарæм зарыныл.
Æрбахъырн мын дæхæдаег
Бæзджынгомау, дзæбæхдæр...
Ныууасыди нæ хæрæг,
Ныннæрыди къæдзæх дæр.
Халон загъта хæрæгæн:
— Хорз нæ фæци нæ зарæг.
Хæстæг ма мæм æрбабад,
Мæ цард æмæ мæ дарæг!
Æрбадтысты хæстæгдæр,
Райдыдтой та сæ зарæг.
Фæлæ уæддæр нæ фæхорз, —
Сæ фыдхъæлæс — сæ сафæг.
Уæд булæмæргъ къуыбырæй
Афтæ дзуры зарджытæм:
— Кæд уыдыстут дæснытæ
Ахæм диссаг кадджытæм?!
Цасдæриддæр фæзарат, —
Æвзæр уыдзæн уæ зарæг.
Уæхи цыфæнды хъарат, —
Уæ фыдхъæлæс — уæ сафæг.