Халон æмæ цъиу (Гæдиаты)

Халон æмæ цъиу (1905)
by Гæдиаты Секъа
289483Халон æмæ цъиу1905Гæдиаты Секъа


ХАЛОН ÆМÆ ЦЪИУ


— Тулдзыл, дам, фæткъуы æрзади!..
Халон дын афтæ ысдзырдта.
Цъиу худæгæй ныммарди, —
Гæды дзырд æй ысхуыдта.

Цъиуы ныхас халонмæ
Маст, хъылмайау, фæкасти...
— Кæсут ма ныр адонмæ, —
Цъиуæн халон нæ састи.

— Куыд мын уæндыс уый зæгъын,
Тулдзыл фæткъуы нæ зайы.
Райдайдзæн уый ызгъæлын,
Уидздзысты йæ къæссайы.

Мæ гæды дзырд де 'цæгæй
Хуыздæр кæй у, уый бамбар,
Мæ цыргъ ныхтæ де 'фцæгæй
Нал сисдзынæн, мæ цагъар!

— Халон цæра æвзонгмæ, --
Дæ гæды дзырд ме 'цæгæй
Хуыздæр кæсы дæ зондмæ,
Дæ ныхтæ сис ме 'фцæгæй.

Зонын, мæнæн дæ цуры
Мæ бон кæй нæу ысдзурын;
Мæ зæрдæ хъаст нæ куры,
Мæ фæрстæм ма лæбурын.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.