Иу хатт хур куыдта,
Мæимæ дзырдта:
—Мæ лæппу амард—
Мæ иунæг бындар,
Стъалыты æлдар,
Чысыл мын ацард...
Уæд æм хæфс дзуры:
— Æз дæр дæ цуры
Куы фæдæн мæрдджын.
Мæ фырт амарди,
Чысыл мын ацарди
Мæ хъæбул — цæстджын.
Уæд æз куыд лæууын,
Куы нæ уал кæуын
Мæ хъамбулцæстыл.
Цъыфдзасты бадти,
Ирддзастæй касти
Дунеты бæстыл.
Хур загъта: — Уæууау,
Кæд мæ фырт дæуау
Æвзæрæй фæцыд, —
Афонмæ дæр ын
Куы хъуыд амæлын, —
Уый та дын мæ дзырд.
Йæхæдæг рахатт,
Бæстыл та ракаст,
Бæстæ ныррухси.
Ныккасти йæм хур,
Хæфсы цад ныссур,
Хæфс уым ныххуси.