Хуы æмæ фыс (Гæдиаты)

Хуы æмæ фыс  (1905) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1905, Рауагъ аз: 1905. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ХУЫ ÆМÆ ФЫС


Хуы 'ппæлыди йæхицæй:
— Адæмæн дæн æз сæ цард,
Хор мын дæттынц къæбицæй,
Дисны бæрц вæййы мæ нард;

Аргæ кæнын къæрдгæйттæ,
Къуыбырхъустæ, гæмæхтæ,
Уæд райдайын тæргæйттæ,
Богътæ кæнын, гæрæхтæ...

Уæд æм уæрыкк ысдзырдта:
— Дистæ кæнын, куысыфтæ,
Пехуымпар дæ не стыдта,
Залмы сыфау — дæ хъустæ.

Кæд æз иу арын, уæддæр
Дæуыл мæхи нæ барын,
Мæнæн ыскæнынц уæддæр,
Цъыфтыл мæхи нæ хъарын.

Мæн аргæвдынц нывондæн, —
Хуыцауы уарзон у нæл фыс,
Хуын мæ кæнынц бæрзондæн,
Ды та уал уым цъыфы хуысс.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse