Хуы тулдзы бын (Гæдиаты)

Хуы тулдзы бын (1905)
by Гæдиаты Секъа
289484Хуы тулдзы бын1905Гæдиаты Секъа


ХУЫ ТУЛДЗЫ БЫН


Хуы рагон тулдзы бын
Гуыркъотæй бафсæст.
Ныккаст æм хуры тын, —
Ныххуыссыд, бамбæхст.

Райхъал хуыссæгæй:
Цæй, сыстон, — загъта,
Йæ фындзы сынæгæй
Тулдзы бын къахта.

Уæд бæласæй халон
Нæл хуымæ дзуры:
— Ныр дæуæй тулдз хъалон
Мыздæн цы куры?

Ма йын къах йæ уидаг,
Бахуыскъ уыдзæн тулдз!..
— Сыскъуыйæд йæ мыггаг,
Мауал дзы уæд гуырдз!

Æз ыл мæт нæ кæнын,
Пайда дзы ис цъус;
Æз гуыркъо куы хæрьга, —
Уадз кæнæд уый хуыскъ!..

Мæн гуыркъо нард кæны, —
Бæлас та мын цы у?!
Сыст дæр мæ нал хæры, —
Ныббæзджын мæ фиу!..

Ысдзырдта тулдз бæлас, —
Хуы кодта хæргæ:
— Куы хъусис мæ ныхас.
Куы скæсис хæрдмæ.

Уæд фенис, гуыркъотæ
Мæныл кæй зайынц,
Ныууадзис дæ богътæ, —
Уæнгтæ чи марынц...



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse