Хъомгæс (Гæдиаты)

Хъомгæс  (1905) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1905, Рауагъ аз: 1905. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ХЪОМГÆС


Алхаст цæгæрæй,
Йæ риу гæбæрæй,
Хъомгæс хатти...
Йæ фырт тызмæгæй,
Сæрдæй, зымæгæй
Ныхасы бадти...

Æфхæрдта хъуаджы...
Кæйдæрты 'руаджы -
Уый цард ыссардта.
Йæ цард æххæстæй,
Йæ кад æмбæхстæй
Уый Туркæн радта.

Фесæфт нæ хохæй,
Баззади рохæй
Нæ кæлæнгæнæг.
Нæ фыдыбæстæй
Фæлыгъди мæстæй
Нæ фæндырдзæгъдæг.

Æнахуыр бæсты
Кодта-иу мæсты,
Афтæмæй ныммард.
Хуыздæр æнхъæлæй
Баззад ысхъæлæй,
Нæ хохмæ ныддард.

Фæсмон фæкодта,
Кæрдзын нæ хордта
Уый йæ фырмæстæй.
Халонау, атахт,
Фесæфти уайтагъд
Нæ уарзон бæстæй.

Фыд сахаты дыргъ, —
Не 'хсæн нын быдыргъ
Уый куы ныссагъта.
Нæ къорд бæлæстæ,
Нæ хох, нæ бæстæ
Дихæй ныууагъта.

Иры байуæрста,
Нæ нæ бамбæрста,
Бузныг дзы не стæм.
Мах иу бинонтæ,
Уарзонтæ,хицонтæ
Иугæйттæ фестæм.

Фесæфта мах дæр,
Йæхæдæг раздæр
Баззад дзæгъæлæй.
Турчы фæхатти,
Тымбылæй бадти
Мæсты гæмæлæй.

Кæй хуыдта фæстаг,
Кæй та-иу—фæрсаг,
Кæй та— кæвдæсард,
Йæхи та — æлдар,
Кæм ын уыд æмгар, —
Калди-иу йе ссад.

Нæ бæсты мысыд,
Йæ сау цæстысыг
Урс базыл цæугæ
Æнкъардæй касти,
Мæстæй-иу фасти,
Фылдæр та — кæугæ.

Сар — йæ цæгæр саер!
Нал æмбары хъæр,
Ныммард сæтолæй.
Мысыд фæстæмæ,
Нал каст æддæмæ,
Хæтæг йæ толæй2.

Фыдуагæй фæцард,
Нæ бæстæм ныддард,
Фæлыгъд гæнахæй.
Цы ма йын кæнæм?!
Нал кæны кæлæн,
Фесæфти махæй.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse