Цæргæс æмæ гаккукк (Гæдиаты)

Цæргæс æмæ гаккукк (1906)
by Гæдиаты Секъа
289507Цæргæс æмæ гаккукк1906Гæдиаты Секъа


ЦÆРГÆС ÆМÆ ГАККУКК


Иухатт дын цæргæс
Лæвæрдтæ кодта.
Гаккукк йæ цуры
Цыдæртæ хордта.

Булæмæргъдзинад
Гаккуккæн лæвар
Радта æмæ загъта:
— Булæмæргъау, зар!

Гаккуччы зарæг
Мæргътæм хъыг фæкаст.
Æвзæр у! — загътой,
Гаккукк дын фæтарст.

Цæргæсмæ хъæстмæ
Гаккукк ысмидæг:
— Мæ зарæг рæстмæ
Нæу, уый ис сидæг...

Цæргæс ын загъта:
— Мæ бок у лæвар, —
Æз хуыцау нæ дæн,
Фылдæр мын нæй бар...

Бæрзæндты хæтын,
Паддзах дæн уый зон, —
Дæу æндæр фестын
Кæнын нæу мæ бон.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.