Цæргæс æмæ уызын (Гæдиаты)

Цæргæс æмæ уызын  (1905) 
by Гæдиаты Секъа
Фыст датæ: 1905, Рауагъ аз: 1905. Равзæрæн: Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ. Дзæуджыхъæу : Ир, 1991


ЦÆРГÆС ÆМÆ УЫЗЫН


Уызын куырдта цæргæсæй:
—Нал фæразын цæндгæсæй!..

Цæргæсæн зæгъы уызын:
— Ныр аппарои æз мæ зын.

Ысхæсс мæ ды æврагьмæ,
Акæсон дзы фæсрагъмæ,

Хъыг кæнын ам бадынæй,
Æппын мын нæй бафынæй

Ды мæ тæхын сахуыр кæн, —
Мæ зæрдæ мын барухс кæн!..

Цæргæс загъта:— æнцад бад,—
Æз дæ нывонд, дæуыл мард,

Дæуæн тæхын дæ бон нæу,
Базыртимæ дæ конд нæу!..

Нал æй уагъта уæд уызын:
— Цасдæриддæр мын уæд зын...

— Каед нæ хъусыс мæ зондмæ...
Ысхаста йæ бæрзондмæ;

Бæрзондæй йæ рауагъта, —
Тæхын æфсон рахаудта...

Уызын дурыл куы сæмбæлд, —
Фыдхъуыддаг ыл уæд сæмбæлд...

Хæрзты хуызæн куы нæ уай,
Стонг, сыдæй куы мæлай,

Уæд сын æфстау цы дæттыс,
Гъе, семæ 'ргъом цы бæттыс?!



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse