Цъæхъал (Малиты)

Цъæхъал (1907)
by Малиты Геуæрги
290987Цъæхъал1907Малиты Геуæрги


ЦЪÆХЪАЛ


Фæлорс мæйæ — арви кизгæ,
Тунтæ нивæндгæй,
Исцудæй бæрзонд, æрттевгæ,
Хонхмæ баходгæй...
Гъулæг неуй дæлбун коми
æхсæйвон цæхъал,
Цæвуй æхе æмир къуми
Дорин къæдзæхбæл...
Йе неуй æма зин хъурми
Гъæр кæнуй æнкъард:
«Мах, цæхъалтæ, мæнæ коми
Хæссæн лæги мард...
Тар æфцæгбæл тар изæрæй
Йе, цæугæй бæхбæл,
Мæхъæлони циргь хъæмайæй
Райста йæ адзал.
Донæй инод уой мард гъостæ,
Инод æ гьæлæс;
Баймирæнцæ уой цæститæ,
Баймирæй йе 'нгæс...»
Пурф кæнунцæ сæ фур мæстæй
Листæг тьинггитæ,
Цума хауй йесге цæстæй

Ирд цæстисугтæ.
Уотæ кудтæй уазал хъурми
Терки зуст цæхъал,
Цæвгæй æхе æмир къуми
Дорин къæдзæхбæл...
Фæлорс мæйæ - æрвти кизгæ,
Тунтæ мивæндгæй,
Исцудæй бæрзонд, æрттевгæ,
Хонхмæ баходгæй.


1907


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1942, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 81 years or less (if applicable), or the copyright term is 116 years or less since publication (if applicable).