Цырыхъ æмæ къалос (Гæдиаты)

Цырыхъ æмæ къалос (1911)
by Гæдиаты Секъа
289738Цырыхъ æмæ къалос1911Гæдиаты Секъа


ЦЫРЫХЬ ÆМÆ КЪАЛОС


Цырыхъ загъта къалосæн:
— Сымагæй бæстæ марыс-
Уый дæм хæссын аххосæн, —
Дæхи сыгъдæг нæ дарыс.

Къалос загъта цырыхъæн:
—Хæрзгæнæг хорз кæм ары...
Хорз мын фæдæ иу мыхъхъæн,
Дæ уайдзæф мæ фæмары.

Куы бацæуыс хæдзармæ, —
Уым гауызтыл фæхъазыс,
Нæ фæкæсыс де 'мгармæ,
Мæн фæсдуар ныууадзыс.

Æз дæ дарын сыгъдæгæй,
Уый куы зонис, уæд бæргæ
Уæд нæ дзурис тызмæгæй,
Нæ мыл кæнис хъæртæ.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.