Мæгуыр лæджы зонд куы уаид,
Уæд уый мæгуыр нæ уаид,
Бæгънæг æмæ æххормагæй
Тæригъæдæй нæ марид.
Бакус ын зæгъ къуырисæры, —
Æнцой бон у, зæгъдзæни,
Нæ йæ уырнынц дæ ныхæстæ,
Цыдæр сæнттæ цæгъддзæни.
Къуырисæр, дам, рыны бар у,
Бахиздзæн нæ йæ рынæй,
Йæ сонæй нæ хызт уадздзæни,
Бафсаддзæн нæ цæрынæй.
Бакус ын зæгъ майрæмбоны,—
Æнцой бон у, зæгъдзæни,
Куы бакусон майрæмбоны, —
Их, дам, хуымтæ цæгъддзæни.
Уациллайæн уæрыкк хъæуы,
Ыстыр мæтæй нæ хуысдзæн,
Æгас мæйты хъæздыг лæгмæ
Иу уæрыккыл фæкусдзæн.
Уастырджийæн нæл фыс хъæуы,
Уæрыччытæй нæ комы,
Агурдзæни æфстау æхца
Кусæрттагæн дæс сомы.
Ахæм фæндтæй мæгуыр кæнынц
Фылдæр ирон мæгуыртæ...
Нæ, дам, кусын, æнцой бон у, —
Нæ рамæрздзæн йæ цуртæ.
Афтæтæ сты мæгуыр лæгæн
Йæ митæ 'мæ йæ даутæ.
Кæд дæ бон уа, уæд сын ыскув, —
Минасæн ис æгъдаутæ.