Тылаттатæ байуæрстой
Æрнæджытæ — гæмæхтæ;
Черменæн хай равзæрстой
Цъыфдзæстытæ, къæдзæхтæ.
Уæд Чермен уыд хæтынмæ, —
Лæбурдта-иу, бирæгъау,
Сау хъулгъайы сæттынмæ, —
Æрбатардта иу рæгъау.
Бадти йæ мад æнкъардæй
Арты фарсмæ къонайыл:
— Сайдзысты дæ мæнгардæй,
Ма-иу баууæнд Хъобаныл!
Абон сæрвæт байуæрстой,
Дæуæн дзы хай нæ радтой,
Æвзæрæн дæ равзæрстой,
Лæг у, зæгъгæ, нæ загътой!
—Хъахъхъæ, Нана, мæнмæ дæр,
Цæттæ мæ гал, мæ гутон,
Зæххæй кæм уа фæлмæндæр,
Уым уыссадзон мæ гутон.
Куы фæтæрсон не 'взæртæй, —
Мæ хъару 'мæ мæхæдæг,
Уæд фæхъæуон ме 'мгæрттæй,
Хæрам мын уæд дæ фæдæг!
Чермен дын хуым бакодта
Дзæбæх æнцад, æнцойæ,
Тылаттаты бадомдта,
Тарстысты-иу йæ койæ.
Бамбæхстысты, сабийау, —
«Кæдæм лидзæм, кæцырдæм?!.»
Чермен дæр дын, таубийау,
Хуым бакодта фæрсæрдæм.