Цæргасæу, ды дардмæ фæлгæсыс,
Паддзахау, ды хæхтæм кæсыс,
Ды мæимæ, хуримæ уарзон ныхæстае,
Зæрдиаг тæрхæттæ кæныс.
Ды мигътимæ сусæгæй дзурыс,
Ды дымгæтæм хъусыс æнцад,
Сæрибар тымыгътæн дæ цуры,
Дæ къултыл æрзилы сæ рад.
Ды боныгон адæмæн арфæ
Сæ куыстæн, сæ цардæн кæныс;
Æхсæв та, æнусон цырагъау,
Кавказы æврæгътыл лæууыс.
Цырагъау, ды рухс кæныс дуне,
Паддзахау, уынаффæ кæныс.
Цæргæсау, дæ кастæй, дæ уындæй
Нæ зæрдæты ризын кæныс...
Нæ Ирмæ дæр ракæс, дæ фырттæм:
Дæ арфæмæ 'нхъæлмæ кæсынц,
Дæ разы, дæ къултыл, дæ фæзтыл,
Дæ диссаг хъæбысты цæрынц.
Фыд къæвда, фыд уарынæй бахиз
Нæ хуымтæ, нæ кæрдæг фæзтæ,
Дæ ныфсæй ысрухс кæн нæ зæрдæ,
Дæ рухсæй — нæ талынг бæстæ!